филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:26 суббота, 31 января 2026
17 июля 2019, 17:05
Абарæн кæмæн нæй, уыцы цад сыгъдæг кæнынц бырæттæй

Бехъаны арæзт æрцыд экологон акцийы радон къæпхæн.

Абарæн кæмæн нæй, уыцы цад сыгъдæг кæнынц бырæттæй. Бехъаны арæзт æрцыд экологон акцийы радон къæпхæн.
Иумæ йыл бакуыстой волонтерты змæлды активисттæ, стæй Цæгат Ирыстоны æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрад. Сæрды райдианæй цæгатирыстойнаг бархионтæ ныр æртыккæгæм хатт базылдысты цадмæ. Фæсивæд сæмбырд кæнынц бырæттæ донæй æмæ йæ былгæрæттæй дæр. Бирæ рæстæг Бехъаны цад уыд æдзæллаг уавæры. Ничи йæм зылди. Æрæджы та сси республикæйы æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрады бæрны. Уæдæй фæстæмæ райдыдтой йе сног кæныны куыстытæ. Цад бырæттæй куы ссыгъдæг кæной, уæд специалисттæ фæнд кæнынц йæ алфамблай территоримæ бæстон базилын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania