филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:59 понедельник, 31 марта 2025
27 февраля 2025, 10:38
Абон 100 азы æххæст кæны Джусойты Нафийы райгуырдыл

Стыр æвæрæн бахаста ирон æвзаг æмæ литературæмæ, æмæ, æмтгæй райсгæйæ, ирон адæмы историмæ

Абон 100 азы æххæст кæны поэт, драматург, публицист, литературæиртасæг, тæлмацгæнæг Джусойты Нафийы райгуырдыл. Стыр æвæрæн бахаста ирон æвзаг æмæ литературæмæ, æмæ, æмтгæй райсгæйæ, ирон адæмы историмæ. Цы бынтæ ныууагъта, уыдон абон дæр сты ахуырадон æрмæг йæ фæдонтæн. Йæ ахадгæ куыстыты фæрцы йæ ном хъуыстгонд уыд, канд Ирыстоны нæ, фæлæ æппæт бæстæйы, æмæ ма суанг фæсарæнты дæр. Хъайтмазты Дзерассæйæн ныхасы бар.

Йæ алы уацмысы дæр ацы хъуыды ирдæй зыны, куыд йæ литературон фæндаджы мидис. 1600 куысты – поэзи уа, прозæ, критикæ кæнæ иртасæн фæллой. Джусойты Нафийы хонынц ирон литературæйы патриарх. Ирон фысджыты бирæ фæлтæртæн радта фæндаг. Нафийы сфæлдыстад сси сæрибардзинадыл æмæ национ хæзнатыл тохы символ. Цы рæнхъытæ фыста, уыдон та Ирыстоны адæмы хъæлæс.

Фыссæг, поэт, литературæиртасæг, публицист, тæлмацгæнæг. Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахæм къабаз нæй, Нафи йе *вæрæн кæдæм нæ бахаста. Цæгат Ирыстоны социалон æмæ гуманитарон иртæстыты институты кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сын йæ чингуытæ абон сты ахуырадон æрмæг. Цавæрфæнды фарстайæн дæр дзы ис дзуапп ссарæн.

Зæрдæхæлар, куыстуарзон, æмбаргæ, дардмæуынаг. Нафийы аккаг ныхæстæ ссарæн зын у, зæгъынц йемæ иу хатт дæр чи фембæлд, æмæ йæ, уæвгæ, комкоммæ дæр чи нæ зыдта, уыдон. Сфæлдыстадон æмæ наукон æхсæнады та æнцой кæнынц, чи апарахат, йæ уыцы арф хъуыдытыл.

Джусойты Нафи йæ царды рæстæг дæр сси нымад классик. Цы бынтæ ныууагъта, уыдон кæронмæ раиртасыныл ма иу аз нæ ацæудзæн, æмæ ма, æнæмæнг, иу фæлтæрæн не суыдзысты ахуырадон бындур, куыд наукæйы, афтæ царды дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania