Нæ зындгонд æмзæххон йæ царды 54 азы радта денджызон флотæн
Абон 100 азы æххæст кæны зындгонд полярон капитан, ихсæттæн наутæ «Ленин” æмæ «Арктикæ”-йы разамонæг, социалистон фæллойы Хъæбатыр Кучиты Юрийыл. Нæ зындгонд æмзæххон йæ царды 54 азы радта денджызон флотæн. Уыдонæй 40 азмæ æрзылди Цæгатаг ихджын цæугæдæттыл. Ирыстойнаг хохаг лæппу райгуырд Тибы. Йæ ном дунейыл айхъуысти 17-æм августы 1977-æм азы. Уæд, Советон Цæдисы ихсæттæн нау «Арктикæ»-йæн разамынд дæтгæйæ, бахæццæ Цæгатаг полюсмæ. Уый уыд фыццаг ахæм цау денджызон историйы. Ома арктикон бассейны центрон ихтæ басæтгæйæ, бахæццæ, меридиантæ кæм баиу вæййынц, уыцы цъупмæ. Кучиты Юрийы ном ныртæккæ хæссы Дзæуджыхъæуы 27-æм скъола, Горæтгæрон районы иу уынг, Францы-Иосифы зæххы сакъадах стæй газласæг-Танкер. Цæгат Ирыстоны та Коцойты Арсены уынджы байгом уыдзæн легендарон арктикон капитаны цыртдзæвæн. Кучиты Юрийы юбилеймæ ма бацæттæ кæндзысты равдыстыты проект «Родовые истоки арктического капитана Юрия Кучиева». Республикæйы скъолаты та арæзт æрцæудзысты лæгдзинады уроктæ. Ахуырдзаутæн равдисдзысты, зындгонд капитанимæ баст презентацитæ æмæ видороликтæ.Горæты администраци ма нысан кæны уынгты тематикон баннертæ æрцауындзын, стæй саив кæндзæн цыртдзæвæны раз территори.




