Уый кадæн цæуынц æмæ дарддæр цæудзысты алыхуызон мадзæлттæ. Сæ сæйрагдæртæ – абон. Ирон аргъуаны кæрты йæ цыртдзæвæныл сæвæрдзысты дидинджытæ. Уый фæстæ адæм ацæудзысты йæ райгуырæн хъæу Нармæ.
Абон 165 азы æххæст кæны Ирыстоны номдзыд æмæ кадджын фырт Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл. Уый кадæн цæуынц æмæ дарддæр цæудзысты алыхуызон мадзæлттæ. Сæ сæйрагдæртæ – абон. Ирон аргъуаны кæрты йæ цыртдзæвæныл сæвæрдзысты дидинджытæ. Уый фæстæ адæм ацæудзысты йæ райгуырæн хъæу Нармæ.
Æппæтадæмон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас» æмæ журнал «Мах дуг» Уæрæсейы культурæйы фондимæ зæрдиагæй хонынц Къостайы 165 азы кадæн литературон-музыкалон мадзалмæ. Арæзт æрцæудзæн абон Тæбæсæуты балойы номыл Ирон академион театры 13 сахаты æмæ 30 минутыл. Къостайы уацмыстæ уæ размæ рахæсдзысты курдиатджын артисттæ: Битарты Алыксандр, Лацойты Зитæ, Илаты Тимур, Бесолты Дианæ, Хохойты Владислав, Годжысаты Георгий, Бæззаты Эдуард, Сохъуырты Эльвирæ, Фæрниаты Батрадз, Абайты Артур, Берозты Мæдинæ, Хадаты Альберт. Уымæй дарддæр зарæггæнджыты къорд Арт Трио æмæ фолк-къорд HEAT BEAT BAND.




