Бæстонæй æрдзырдтой ивгъуыд азы куысты хатдзæгтыл, стæй ацы азы сæйрагдæр хæстæ æмæ нысантыл. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фæрниаты Мæдинæ.
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады республикон управленийы хатдзæгтæм гæсгæ, ивгъуыд азы республикæйы æрцыд 347 зынгсирвæзты. 2011-м азимæ абаргæйæ, уый у къаддæр. Хъыгдард сæ чи баййæфта, уыцы адæмы нымæц дæр у ныллæгдæр. Фыццаджыдæр, уый бæттынц арæхстджын профилактикон куыстимæ, зынгхуыссынгæнджыты дæсны архайдимæ. Æнæнхъæлæджы уавæрты службæмæ кусынмæ хуымæтæджы ничи æрбацæудзæн. Уыдон сты, бæрнон æмæ адæмуарзаг чи у, ахæмтæ.
Лекъты Зæлинæ, лæггадгæнæг къорды сæйраг инженер: «Махæн нæ адæм, фыццаджыдæр, сты артхуыссынгæнджытæ æмæ тынг ныфсджын лæппутæ сты. Сæ куысты сæхиуыл дæр нæ фæхъуыды кæнынц. АРтмæ куы бахизынц, уæд фыццаджыдæр, фæхъуыды кæнынц адæмы аирвæзын кæныныл, науæд цавæр фæнды уд дæр».
Хуыгаты Альберт, 17-æм зынгхуыссынгæнæн хайады сæргълæууæг: «Фарон бирæ фыдбылызтæ æрцыд, фæлæ мах фæрцы сæ фæстиуджыты уæз къаддæр уыд, адæмæн афоныл кæй баххуыс кодтам, уый фæрцы. Æмæ сæрбæрзонд стæм уымæй. Зынгсирвæзтытæ фарон къаддæр æрцыд».
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сæйраг управленийы разамонæг Александр Хоружий куыд загъта, афтæмæй фарон фæндаггон фыдбылызтæм æмæ агурæн мадзæлттæм ирвæзынгæнджыты къаддæр цæуын бахъуыд. Стыр æргом здæхт ис социалон объекттæ, уæлдайдæр та, адæм æхсæвæй-бонæй кæм вæййынц, уыцы кусæндæттæ зынгсирвæзтытæй хъахъхъæнынмæ. Сæ уавæр зынгæ фæхуыздæр. Хицауады сæрдары хæдивæг Зæнгионты Виталий раарфæ кодта управленийы коллективæн сæ удуæлдай архайды фæдыл. Куыд бафиппайдта, афтæмæй иумæйаг хæс у – иудадзыг кусын адæмы æдасдзинад бæрзонддæр кæныныл.
Зæнгионты Виталий, РЦИ-Аланийы Хицауады сæрдары хæдивæг: «Цæгат-Кавказы федералон зылды субъекты хсæн, мах управлении бацахста дыккаг бынат, æппæт Уæрæсейы субъекты хсæн та – фæндзæм. Хорз бакуыстой. Ноджы ма бирæ хæстæ ис ацы аз дæр, æмæ сæ цæмæй сæххæст кæной, уымæн дæр фадат ис».
Æмбырды кæрон лæвæрд æрцыдысты хæрзиуджытæ дæр. Цæгат-Кавказы регионалон центры сæргълæууæджы хæдивæг Михаил Черный Уæрæсейы æнæнхъæлæджы цауты министрады майдантæ радта, куыд управленийы кусджытæн, афтæ, иумæйагæй æнтыстджынæй кæимæ архайынц, уыцы министрадтæ æмæ ведомствоты, стæй бынæттон хиуынаффæйады разамонджытæн.
Фæрниаты Мæдинæ




