филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:37 пятница, 17 мая 2024
18 апреля 2013, 17:05
Абон æппæт дунейы бæрæг кæнынц цыртдзæвæнты æмæ историон бынæтты бон

Дзæуджыхъæуы дæр, историон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм бынæттæ æмæ бæстыхæйттæ бирæ сты. Хъыгагæн дзы иуæй-иутæ сты тынг æвзæр уавæры. Се `хсæн, зындгонд режиссер Евгений Вахтангов кæм цард, уыцы хæдзар.

Абон æппæт дунейы бæрæг кæнынц цыртдзæвæнты æмæ историон бынæтты бон.

Дзæуджыхъæуы дæр, историон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм бынæттæ æмæ бæстыхæйттæ бирæ сты. Хъыгагæн дзы иуæй-иутæ сты тынг æвзæр уавæры. Се `хсæн, зындгонд режиссер Евгений Вахтангов кæм цард, уыцы хæдзар.

Армянскийы уынджы цы арæзтадтæ цæуынц, уыдоны аххосæй тагъд йæ къулты дæр ныккæлдзысты.

«Мæйæ фылдæр хæдзары къултæ ацы `рдыгæй згъæлынц æдзухдæр» – хъаст кæны йæ хицау Наталья Куличенко. Уый та уымæн, æмæ хæдзары фыццаг уæладзыджы фатер чи балхæдта, уый йæ сфæнд кодта сцалцæг кæнын. Уыимæ бындуронæй – æмæ дзы къулæнцой цы пец уыд, уый акалдта. Уый та цы фæстиуджытæм расайдзæн – уый алы аразæг дæр зоны. Мæт кæнынц цæрджытæ дæр.

Наталья Куличенко, хæдзары цæрæг: «Пец тоннæйæ фылдæр ласы, алы фатеры дæр ис. Æмæ йæ бынæй куы айстой, уæд нын лæууыд æрмæстдæр хъæдын цæджындзтыл. Уымæй уæлдай ма акалдтой къултæй иу. Æмæ дыккаг уæладзыг куы ныккалдаид, уымæй тынг тæссаг уыд. Мах стыр мæты бацыдыстæм æмæ фæхабар кодтам сæрмагонд службæтæм. Нæ курдиатмæ гæсгæ нын цыдæртæ скодтой, цæмæй уæлдæр уæладзгуытæ пецты уæзæй ма ныккæлой. Куыддæртæ сæ сфидар кодтой. Фæлæ цыма бирæ фаг не сты, афтæм нæм кæсы».
   
Цæрджытæ хуымæтæджы нæ тыхсынц. Тоннæ уæзæн-згъæрæй цæджынцтæ дæр зынтæй фæразынц. Ам та сæ хъæдтыл сæвæрдтой. Æмæ цæрджытæ алы бон æвдисæн сты, къултæ куыд згъæлынц, уымæн.

Афтæмæй та ма ацы хæдзарæн ис историон нысаниуæг. Цæуы йыл 150 азы бæрц. Ам, Армянскийы уынджы, 19-æм æнусы райгуырд æмæ цард, зындгонд актер æмæ режиссер Евгений Вахтангов. Фæлæ бæстыхай фæстаг хатт бындурон цалцæг уыд 1970-æм азты. Уæд йе `ддаг бакаст дæр æндæр уыд. Ныр та бæстыхæйтты фылдæр хай уæйгонд æрцыд. Уыимæ амалхъом адæмæн. Уыдон та историон бынтæ бахъахъхъæныныл сæ зæрдæ нæ риссын кæнынц. Фæлтау дзы исты кафе кæнæ офис скæнын – сæхицæн пайдадæр уыдзæн.

Не сфæлдыстадон къордæн нæ бантыст фатæры ног хицауимæ аныхас кæнын. Нæ йыл фæхæст сты, историон цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны республикон комитеты кусджытæ дæр. Сæ бон мидæмæ бахауын кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ, рудзынгæй æркастысты бæстыхаймæ, раиртæстой дзы закъонхæлдтытæ æмæ сарæзтой акт.

Николай Целиди, РЦИ-Аланийы историон цыртдзæвæнтæ æмæ культурон бынтæ хъахъхъæнæг комитеты консультант: «Куыд мæм кæсы, афтæмæй ам цы куыстытæ цæуынц, уыдонæн бардæттæг гæххæттытæ нæй. Цалцæггæнæн куыстытæ кæныны размæ фатеры хицау махмæ кæй не `рбахаста проектон æрмæджытæ, уый дæр дзурæг у ууыл, æмæ закъон кæй халы. Мæнæ æддейæ бакастытæм фатермæ æмæ афтæмæй дæр бæрæг у, къул кæй акалдта, уый хæдзарыл кæй фæзынд, уый. Йæ сыхæгтæм къултæ афаз сты. Уæллаг уæладзгуытæ згъæлынц æмæ кæлын райдыдтой».

Фатеры хицау закъоны домæнтæ кæй нæ сæххæст кодта, уыимæ разы сты Дзæуджыхъæуы администрацийы дæр. Ныртæккæ цæрæнуæтты инспекциимæ иумæ хъуыддаг бæрæг кæнынц.

Плиты Алыксандр, Дзæуджыхъæуы администрацийы информацион хайады хицау: «Ацы фатеры хицау Дзæуджыхъæуы администрацимæ бардæттæг гæххæтытæ райсынмæ не `рбацыд. Фатеры цы куыстытæ кæны, уыдон кæны йæхи хъуыдымæ гæсгæ æмæ æнæ закъонæй. Уымæ гæсгæ баййафдзæн æфхæрд».
   
Хъуыддагмæ цæст дарын райдыдта республикæйы прокуратурæ дæр.

Ольга Швецова, Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг зылды прокурор: «Ацы хæдзар нымад у историон æмæ архитектурон цыртдзæвæныл. Цæуы йæм паддзахады цæстдард. Æнæ бар райсгæйæ дзы цалцæггæнæг куыстытæ кæй кæны – ахæм хъаст махмæ нæ уыд. Фæлæ ныр хъуыддагмæ æркæсдзыстæм æмæ йæ хицау баййафдзæн æфхæрд закъоны домæнтæм гæсгæ».

Республикæйы прокуратурæ хъуыддаг хъуамæ сбæлвырд кæна 10 бонмæ.

Зыхъуаты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania