филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:43 понедельник, 08 июля 2024
01 сентября 2014, 11:36
Абон æппæт Уæрæсейы бæрæг кæнынц зонындзинæдты бон

Бæрæгбоны мадзæлттæ аразынц Цæгат Ирыстоны дæр. Астæуккаг æмæ уæлдæр скъолаты райсомæй арæзт æрцыдысты кадджын линейкæтæ.

Хъесаты Сæрмæт ацы æмдзæвгæ цалдæр боны ахуыр кодта.

73999
Абон æппæт Уæрæсейы бæрæг кæнынц зонындзинæдты бон. Бæрæгбоны мадзæлттæ аразынц Цæгат Ирыстоны дæр. Астæуккаг æмæ уæлдæр скъолаты райсомæй арæзт æрцыдысты кадджын линейкæтæ.

Хъесаты Сæрмæт ацы æмдзæвгæ цалдæр боны ахуыр кодта. Фыццæгæм къласмæ бацæуын бæрнон хъуыддаг у æппæт бинонтæн дæр. Ацы бонмæ сæхи сæрмагондæй цæттæ кодтой. Сæрмæты мад Зæлинæ куыд зæгъы, афтæмæй 13-æм скъола хуымæтæджы нæ равзæрста. Ам ирон æвзагæй цы арф зонындзинæдтæ дæттынц, уый се `ппæтæн дæр зындгонд у.

Хъесаты Зæлинæ: «Йæ зæрдæмæ ам тынг фæцыдис. Мæхæдæг ацы скъола равзæрстон, уымæн æмæ мæ фæнды, цæмæй мæ сывæллон иронау хорз дзура».

Скъоладзаутæн ног ахуыры азы фæдыл раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты раздæры азты рауагъдонтæ. Бæрæгбоны æппæтæй сæйрагдæр архайджытæ уыдысты фыццагкъласонтæ. Уыдонæн фыццаг дзæнгæрæг уыдис стыр цардмæ къахдзæфы нысан.

Скъолайы директор Сæлбиты Иринæйы ныхæстæм гæсгæ, ацы аз 1-æм къласмæ фæнд кодтой къаддæр сывæллæтты райсын, уымæн æмæ сæм бынатнæ фаг нæй. фæлæ ам ахуыр кæнын кæй бафæндыд, уыдон разындысты дзæвгар – 37 ахуырдзауы.

Сæлбиты Иринæ, Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы директор: «Скъолайы размæ стыр хæс лæууы. Ацы сывæллæттæй хъуамæ схъомыл кæнæм хорз фидæн. Уый нæ къухы бæгуыдæр æфты, фæлæ æнæ ныййарджыты æххуысæй ацы хъуыддаг сæххæст кæнæн нæ рауайдзæн».

45-æм гимназы дæр зонады бонмæ кадджын бæрæгбон арæзт æрцыд. Ацы аз æй каст фæуыдзысты 73 ахуырдзауы. 11-æмкъласонтыл стыр хæс æвæрд ис. Хъæуы сæ сæхи иумæйаг паддзахадон фæлварæтæм цæттæ кæнын.

Козаты Олег, 45-æм гимназы 11-æм къласы ахуырдзау: «Дарддæр ахуыр кæнынмæ ацæудзынæн Мæскуымæ. Скъола мын сси 2-аг хæдзары хуызæн. Бузныг зæгъын мæ фæнды мæ ахуыргæнджытæн».

Ацы аз республикæйы скъолатæм фыццаг къласмæ бацыд 8 мин сывæллоны бæрц. Ахуыргæнджытæ сæ зæрдæ дарынц, уыдон Ирыстоны аккаг фидæн кæй уыдзысты, ууыл.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania