филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:58 суббота, 21 сентября 2024
07 ноября 2012, 09:22
Абон æвдай азы сæххæст, Дзæуджыхъæуы бын тохы немыцаг æфсæдтæ пырхгонд куы рцыдысты, ууыл

Абон æвдай азы сæххæст, Дзæуджыхъæуы бын тохы немыцаг æфсæдтæ пырхгонд куы рцыдысты, ууыл. Уæвгæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæст Советон адæмæн уыдис сæ царды уæззаудæр лæгæвзарæн.

Абон æвдай азы сæххæст, Дзæуджыхъæуы бын
тохы немыцаг æфсæдтæ пырхгонд куы рцыдысты, ууыл. Уæвгæ, Фыдыбæстæйы
Стыр хæст Советон адæмæн уыдис сæ царды

уæззаудæр лæгæвзарæн. Йæхи дзы ныфсджын æмæ хъæбатырæй чи равдыста,
уыдонæй иу уыд Дур – Дуры цæрæг Цалиты Сафарби дæр.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты зындзинæдтæ
йæхиуыл чи банкъардта уыдонæй иу у Цалиты Мухайы фырт Сафарби. Уыцы
æвирхъау хабар куы фехъуыста, уæд ма кæд æрыгон лæппу уыд, уæддæр æй, йæ
фыды фæстæ акодтой Фыдыбæстæ знагæй бахъахъхъæнынмæ. Фыццаджыдæр уæззау
хæстыл сæмбæлд Ростовы.

Цалиты Сафарби, фыдыбæстæйы стыр хæсты
ветеран: «Армавиры нæ дыууæ мæйы фæахуыр кодтой. Уыцы рæстæгмæ нæ федтам
æцæг дзармадзантæ -æрмæстдæр хъæдынтæ. Уырдыгæй нæ акодтой Ростовмæ æмæ
нæ уым æрæвæрдтой оборонæйы. Уым нæ доныл банайын хъуыд немыцимæ
хæцгæйæ. Уым бирæ зындзинæдтæ бавзæрстам. Æртæ суткæйы дзы фæхæцыдыстæм.
Цæф адæмæн уырдыгæй ласæн никуы дæм уыд æмæ фдæбæттæ кодтам».

Хæстон адæймагæн йе ‘ппæтт мысинæгтæ дæр
зынаргъ вæййынц. Алы хатт дæр уыцы цаутæ цымæ знон уыдысты, афтæ
зæрдæйыл æрлæууынц. Уæдæ хæстон æмбалдзинадæн æмбал кæй нæй, уый дæр
хæсты рæстæг йæхиуыл банкъардта Цалийы-фырт.

Цалиты Сафарби, фыдыбæстæйы стыр хæсты
ветеран: «Доныл найынмæ сарæзтам хъæдын науæтæ. Иу бон найгæ –найын
афæлдæхт. Æз ленк кæнын нæ зыдтон, абон дæр æй не мбарын дзармадзанты
хъæрæй мæ исчи куыд фехъуыста, уый. Донмæ бынмæ ласта, афтæ мæм ме
*мбæлдтæй иу æрбаздæхт æмæ мæ былмæ баласта. Хæ    сты кæрæдзийыл тынг
æнувыд уыдыстæм».

Йæ бирæ хæстон сгуыхтдзинæдтæн æмæ
тухæнтæн æвдисæн сты йæ майдантæ æмæ ордентæ. Архайдта Мæскуыйы сæрибары
парады. Абон Сафарби у фæзминаг хистæр æрмæст йæ бинонты нæ, фæлæ хъæуы
дæр.

Цагъаты Сослан, Дур-Дуры бынæттон
администрацийы сæргълæууæг: «Сафарбийы хорзхъуыддæгты тыххæй бирæ дзурын
æмбæлы. Хæсты фæстæ дæр тынг бирæ фæкуыста хъæуы, районы
рæсугъддзинадыл. Абон дæр æнæ уый иу чындзæхсæв дæр, зиан дæр нæ цæуы».

Цалиты Сафарби хæстон фæндæгтыл фæцыд
кæрæй-кæронмæ. Кæд тагъд рæстæг бæрæг кæндзæн йæ 90-æм гуырæн бон,
уæддæр йæ тых æмæ йæ хъару нæ сæттынц. Хæстон сидзæр сывæллон цæттæ у
абон дæр зындзинæдты сæрты хизынмæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania