15 февраля 2013, 14:28
Абон 24 азы сæххæст, Советон æфсæдтæ Афганистанæй куы ракодтой, ууыл
Ацы цау бæрæг кæнынц Цæгат Ирыстоны дæр. Хицауады æмæ парламенты уæнгтæ, стæй 58-æм æфсады, æхсæнады æмæ фæсивæдон организациты минæвæрттæ, скъоладзаутæ дидинджытæ сæвæрдтой Дзæуджыхъæуы æфсæддонты-интернационалистты цыртдзæвæныл.
Ацы цау бæрæг кæнынц Цæгат Ирыстоны дæр. Хицауады æмæ парламенты уæнгтæ, стæй 58-æм æфсады, æхсæнады æмæ фæсивæдон организациты минæвæрттæ, скъоладзаутæ дидинджытæ сæвæрдтой Дзæуджыхъæуы æфсæддонты-интернационалистты цыртдзæвæныл. Афганистаны хæстæй нæ республикæмæ нал сыздæхтысты 56 лæппуйы. Сыгъдæг Георгийы аргъуаны кусæг фыд Тимофей сæ номыл сарæзта аргъуыд. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны цæры 900 æфсæддон-интернационалисты. Абон цалдæр ветеранæн радтой майдантæ.
Гогаты Лорæ, РЦИ-Аланийы салдæтты мадæлты комитеты сæрдар: «Алы аз дæр фæсивæд æрбамбырд вæййынц, æмæ нын тынг æхсызгон у, нæ лæппуты ном кæй арынц æмæ сæ кæй хъуыды кæнынц, уый. Æрмæст нæ республикæйæ 56 адæймаджы, фæсивæдæн сæ хуыздæртæ фесæфтысты Афганистаны, цардхъуагæй ацыдысты. Фæлæ нын æхсызгон у, республикæйы сæ кæй хъуыды кæнынц, æмæ сы кæй аргъ кæнынц».
темæмæ гæсгæ




