900 суткæйы адæм сыдæй мардысты. Мингай адæмтæ уыцы уацарæй рацыдысты1944-æм азы 27-æм январы. Ленинграды блокадæ йæхиуыл чи бавзæрста, ахæм адæм цæрынц Цæгат Ирыстоны дæр.

Ацы къам у, Надежда Зюзина Фыдыбæстæйы Стыр хæсты размæ кæй систа, уыдонæй иу. Йе мкъласонты ныр дæр ма номæй-номмæ хъуыды кæны. Хæсты рæстæг иумæ цы хъизæмæрттæ бавзæрстой, уыдон та уæддай тынгдæр лæууынц зæрдыл.
Æрыгон чызг уыд Ленинграды блокадæйы. Уазал, стонг рæстæг æмæ фашистты фыдзæрдæ митæ… Йæ мадимæ иунæгæй куы баззадысты блокадон горæты, уæд адæмы уыд стыр ныфс. Уыцы ныфс сæ нæ бауагъдта сæттын. Нæ бантыст знæгтæн сæ сау бæллицтæ сæххæст кæнын. Уыцы цаутæ Надежда Зюзина куы æрхъуыды кæны, уæд цæссыгæн бауромæн нал вæййы.
Надежда Зюзина: «Æдзух лæууынц мæ зæрдыл уыцы бонтæ. Алцыдæр мысын. Ныртæккæ дæр Ленинграды тыххæй исты куы фенын, кæнæ куы фехъусын, уæд та мæ цæстыты раз февзæрынц, уыцы сау бонтæ. Хъуыды кæнын ме мгæртты, хиуæтты, æфсымæрты. Хæдтæхджытæ куыд тахтысты, куыд сæ æмбæхсыдыстæм. Цалынмæ цæрон, уæдмæ сæ никуы ферох кæндзынæн. Мæ зæрдæ сриссы».
Павел Голубев фронтмæ бахауд 44-æм азы, Ленинграды блокадæ куы систой, уæд. Йæ къордимæ хъахъхъæдтой Невайы хидтæ. Æппæтæй фылдæр цæуыл дис кодтай, йæ куы бафæрсынц, уæд ратты дзуапп – адæм куыд фидар уыдысты. Тызмæг уазæлттæн æмæ æххормагæн чи бафæрæзта, фæшистты фыдмитæн æвдисæн чи уыд – уыцы адæм уæддæр баззадысты хæларзæрдæйæ æмæ сæ бон куыд уыд, афтæ аудыдтой æрыгон æфсæддонтыл.
Павел Голубев, хæсты ветеран: «Постмæ иу цы цыдыстæм, уæд ныффидар ахæм фæтк: æхсæвы 12 сахатмæ-иу рады лæууыд фæлтæрдджын салдат, æхсæвы 2 сахатмæ-иу мах, æрыгæттæ, уыдыстæм. Стæй та райсоммæ ногæй зæронд салдæттæ. Уый дæр æнцон нæ уыд. Фæлæ-иу нæ уæддæр алчидæр сыстад сахат раздæр, иннæмæн йæ куыст гыццыл фенцондæр кæнæм зæгъгæ».
Ленинграды блокадæйы чи фæмард, уыдоны нымæц хæццæ кæны милуан æмæ æрдæгмæ. Сæ фылдæр амардысты æххормагæй. Чи зоны æмæ уыдаиккой ноджы фылдæр, Ладогæйы сæрты «царды фæндаг» куы нæ скодтаиккой, уæд. Йæ фæрцы эвакуаци кодтой сывæллæтты, ацæргæ адæмы æмæ сылгоймæгты.
1944 азы 27 январы æххæстæй систой Ленинграды блокадæ. Уæд горæтыл айхъуыст сармадзанты уынæр нæ, фæлæ салюттæ. Адæм фервæзтысты 900 боны уацарæй. Цы бонтæ арвыстой Ленинграды цæрджытæ, «уыдон иунæг кинонывы дæр равдисæн нæй» – зæгъынц горæты цæрджытæ. Уæдæй фæстæмæ та хойрагæн, уæлдайдæр та дзулæн – кæнынц уæлдай аргъ. Æппæтæй зынаргъдæр та у цард. Сабыр цард!!!
Ленинграды цæрджытæ та æнустæм историйы баззайдзысты хъæбатыр æмæ фæразон адæмæй.
Зыхъуаты Жаннæ
