филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:38 суббота, 18 мая 2024
31 марта 2022, 11:12
Абон 70 азы æххæст кæны нæ республикæйы уарзондæр, æцæг адæмон артист Дзтиаты Лактемыры райгуырдыл

Кæд йæ юбилеймæ нæ фæцард, уæддæр йæ ном рох нæу

Театрæн, сценæйæн, аивадæн æгæрон лæггадгæнæг. Абон 70 азы æххæст кæны нæ республикæйы уарзондæр, æцæг адæмон артист Дзтиаты Лактемыры райгуырдыл. Кæд йæ юбилеймæ нæ фæцард, уæддæр йæ ном рох нæу. Мысынц æй, æмæ йын кæнынц стыр аргъ. Лактемыр ирон аивады хæзнадонмæ бахаста ирд æмæ æвидигæ æвæрæн. Адæмы зæрдæты цы фæд ныууагъта, уый нæ мынæг кæны…

Цæгат Ирыстоны республикæйы сгуыхт артисты юбилей. Дзтиаты Лактемыр. Цымыдисаг æддагбакаст æмæ, бафæзмæн кæмæн нæй, ахæм хъæлæсы хицау. Уарзынц æй æмæ йын кад кæнынц аивадуарзджты цалдæр фæлтæры. Цы кинонывты архайдта, уыдон та систы ирыстойнаг кинематографы классикæ. Йæ сурæттæ алкæмæн дæр сты уарзон æмæ зæрдæмæ хæстæг. Кæд æмæ Лактемыры роль фенгæйæ нæ бахудтæ, уæд та, æнæмæнг дæ цæстытæ доны разилдзысты. Фидарæй зæгъæн ис уый, æмæ æцæгæйдæр адæмон артисты райгуырдыл абон æххæст кæны 70 азы.

Дзтиаты Лактемыры ирд курдиаты мидис ныр дæр кæронмæ иртæст не рцыд. Куыд ын æнтысти уыцы иухуызонæй сценæйы драмæ ахъазын, æмæ цæхæркалгæ комедион сурæт равдисын.  Борис Щукины номыл театралон институты ирыстойнаг студийы рауагъдон бирæ рольтæ сарæзта кинонывты дæр. «Волшебная папаха», «Пираты 20 века», «Мужское самолюбие», «Крутизна», «Диалог», Буйный Терек». Сæйраг рольтæ æмæ эпизодтæ. Йе мдугонтæн Лактемыр сси дæнцæгæн хæссинаг. Æмæ куыд нæ? Бантыст ын стыр кинематографы уылæны бахауын. Бирæ азты та ма Дзтиаты Лактемыр уыд, Дзанайты Ольгæ разамынд кæмæн дæтты, уыцы нæлгоймæгты национ хоры солист.

Лактемыр се ппæтæн дæр уыд уарзон актер, суанг ма йын хæлæггæнджытæ дæр кæй нæ уыд, уый уымæн ирд æвдисæн. Кæддæриддæр мидбылхудгæ æмæ зæрдæхæлар адæймаг. Йæ алы роль та хицæн ныхасы аккаг, раст цыма дзы уды рухс бауагъта, афтæ.

Йæ фыццаг фæзындæй дæр сценæйы æмæ кинойы дæр, Лактемыр адæмы баууæндын кодта, йæ курдиат алы аивадуарзæгмæ дæр кæй бахæццæ уыдзæн, уый. Æмæ æцæгæй дæр рауад афтæ. Йе стъалы ссыгъди, æмæ судзы дæсгай азты дæргъы.

Кæмфæндыдæр Лактемыр сæрбæрзондæй хаста ирон адæймаджы ном. Йе мбæлтты æмæ мкусджыты ныхæстæм гæсгæ-иу саив кодта цыфæнды æхсæнад. Уымæн æмæ уыд бирæвæрсыг, курдиатджын, зондджын, арф, хиуылхæцт æмæ ма бирæ хорз ныхæсты аккаг нæлгоймаг.

Фæлæ чи зоны, æмæ бирæтæ бадис кодтаиккой, Лактемыры фæскулисæты куы федтаиккой, уæд. Цæхгæр хицæн кодта. Йæ сыгъдæг ном ын сæ зæрдæты арфдæр бынаты дарынц йе мбæлттæ, хæстæджытæ æмæ хиуæттæ.

Рохгæнæн кæмæн нæй, ахæм персонажтæ кинойы æмæ театралон сценæйы дæр. «Сау нымæт», «Цола», «Ревизор», «Дон Кихот». Йæ алы сурæт дæр-иу ногæй æмæ ногæй буарзтой театрдзаутæ. Уымæй дарддæр ма Лактемыр ахуыр кодта филологийы факультеты. Фæлæ-иу йæхи тыххæй дзурын нæ уарзта. Хуымæтæг æмæ хиуылхæцт адæймаг. Скодта хорз бинонтæ, æмбæлыди цымыдисаг адмæимæ. Иу ныхасæй цардыл æрзылди, цыма дард балцы цыди, афтæ. Æууæндыд æрмæстдæр бæллицтыл æмæ рæстдзинадыл.

Абон Лактемыры мысынц йе мбæлттæ æмæ мкусджытæ радио Аланийы эфиры. Бирæтæн сæ нæ бантыст фæстаг хъарм ныхæстæ зæгъын экраны æмæ сценæйы дæсныйæн. Йæ царды сæйрагдæр хъуыды уыд иу – актеры æмæ адæймаджы сæйрагдæр миниуæг у сыгъдæг уд æмæ æргом зæрдæ… Уыцы зæрдæ парахатæй лæвар кодта сценæйæ. Фæлæ фæцудыдта. Уый нæ хынцгæйæ, кардиологон операцийы фæстæ дæр аивад ныууадзын йæ бон нæ баци, кæд æмæ йын дохтыртæ уый нæ амыдтой, уæддæр.

Дзтиаты Лактемыры цардвæндаг фæци 3 азы размæ 24-æм мартъийы. Фæлæ абон дæр йæ уды хъарм, рæдау зæрдæ, курдиат æмæ цардуарзондзинад ногæй æрæмбырд кæндзæн сфæлдыстадон æхсæнад йæ мысæн изæры. Уыдзæн, Лактемыр йæ царды 40 азы кæмæн балæвар кодта, уыцы Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania