филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:33 суббота, 31 января 2026
07 августа 2024, 12:37
Абон 70 азы сæххæст Гæззаты Валерийыл

Зындгонд советон футболист, тренер, паддзахадон æмæ политикон архайæг, спорты историмæ бацыдис, УЕФАйы кубок фыццаг чи райста, ахæм тренерæй

Абон 70 азы сæххæст Гæззаты Валерийыл. Зындгонд советон футболист, тренер, паддзахадон æмæ политикон архайæг, спорты историмæ бацыдис, УЕФАйы кубок фыццаг чи райста, ахæм тренерæй. Гæззаты Валерий нымад у, æппæты фылдæр титултæ æмæ хæрзиуджытæ кæмæн ис, ахæм тренерыл. Рамбылдта æппæты фылдæр майдантæ Уæрæсейы спорты историйы. Гæззаты Валерий тренеры куыст райдыдта 1986-æм азы, 1995-æм азы та йæ фæрцы Дзæуджыхъæуы Алани сси Уæрæсейы чемпион. Дарддæр Гæззайы-фырт разамынд лæвæрдта Мæскуыйы ЦСКА-йæн. Йæ руаджы командæ Уæрæсейы чемпион сси æртæ хатты. 2005-æм азы сезоны та ЦСКА рамбылдта УЕФА-йы кубок. Футболы æмæ спорты райрæзтмæ стыр æвæрæн кæй бахаста, уый тыххæй Гæззаты Валерий хорзæхджынгонд æрцыд Хæлардзинады Орденæй æмæ Кады Орденæй. Стæй ма у дыууæ чиныджы автор дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania