Се ппæт дæр æй уарзгæйæ хуыдтой Бабле
Абон 90 азы æххæст кæны курдиатджын ирыстойнаг режиссер, ирон кинематографы бындурæвæрджытæй иу Дзбойты Батырбеджы райгуырдыл. Се ппæт дæр æй уарзгæйæ хуыдтой Бабле. Райгуырд 4-æм мартъийы 1936-æм азы Алагиры районы хъæу Црауы. 1958-æм азы каст фæци Борис Щукины номыл театралон училищæ. 1969-æм азы та æнтыстджынæй фæци Советон Цæдисы кинематографистты цæдисы цур арæзт сценаристты æмæ кинорежиссерты Уæлдæр курсытæ. 1958-æм азæй – 1964-æм азмæ уыд Цæгат Ирыстоны музыкалон-драмон театры актер. Уым ахъазыд бирæ рольтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæ фылдæр уыдысты комедион жанры. Фæстæдæр йе ргом аздæхта режиссеры куыстмæ. Бакъахдзæф кодта Цæгат Ирыстоны телеуынынады æмæ радиойы Комитетмæ. Ам, зæгъæн ис, æмæ æрлæууыд аивадон программæтæ аразыны райдианы. 1990-æм азы кусын райдыдта режиссер-æвæрæгæй «Владикавказтелефильм»-ы. Систа ахæм хъуыстгонд кинонывтæ, куыд «Мужское самолюбие», «Чегери», «Ах, любовь», «Жизнь, ставшая легендой», «Здесь мой дом», «Все сначала», «Возвращение», «Прощайте, коза и велосипед». Бабле не хсæн нал ис 20 азы онг, фæлæ адæмы зæрдæты ныууагъта ирд фæд. Хицæн æй кодтой хъæлдзæг зæрдæйы ахаст, футболмæ æмæ киномæ уарзондзинад. Фæстаг бонтæм дæр йæ зæрдæ дардта, нæ республикæйы киноаивад кæй сног уыдзæн, ууыл




