филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:30 воскресенье, 01 февраля 2026
02 июня 2023, 11:43
Абон 95 азы æххæст кæны зындгонд бæхылбадæг Хъантемыраты Ирбеджы райгуырдыл

Ирбег уыд зындгонд каскадер, Ирыстоны номдзыд фырт, Хъантемыраты цирчы династийы ирд минæвар

Абон 95 азы æххæст кæны Советон Цæдисы Адæмон æмæ Уæрæсейы цирчы артист, зындгонд бæхылбадæг Хъантемыраты Ирбеджы райгуырдыл. Ирбег уыд зындгонд каскадер, Ирыстоны номдзыд фырт, Хъантемыраты цирчы династийы ирд минæвар. Бæхыл бадыны аивад ын бауарзын кодта йæ фыд, Мæскуыйы цирчы бæхты труппæ «Али-Бек»-ы бындурæвæрæг Хъантемыраты Алыбег. Æмæ афтæмæй Ирбег сси дæнцæгæн хæссинаг барæг. Йæ трюктæн тыхджын къухæмдзæгъд иста дунейы хъуыстгонд фæзты. Йе сфæлдыстадон фæндаджы ис бирæ цымыдисаг хъуыддæгтæ. Зæгъæм, йæ фæрцы бæхтæ æвдыстой сæ диссаджы зонд æмæ цæрдæгдзинад. Уымæй дарддæр ма Хъантемыраты Ирбег уыд советон кинойы каскадерты скъолайы бындурæвæрджытæй иу. Йæхæдæг архайдта 50 кинонывæй фылдæры. Се хсæн:  «Смелые люди», «Застава в горах», «Неуловимые мстители», æмæ афтæ дарддæр. Уыд Советон Цæдисы æмæ Уæрæсейы Федерацийы чемпион гæрзифтонг тыхты æмæ бæхыл бадыны спорты. Аргъ ын кодтой Европæйы бирæ бæстæты. Хъантемыраты династи Ирыстонæн æмæ Советон Цæдисæн кад кодта бæрзонд æмвæзадыл. Хицæн кодтой сæ профессионалон æууæлтæй. Ирбег уыд фыццаг барæг, баст цæстытæй бæхыл бадгæйæ цæлхдурты сæрты чи агæпп кодта, уый. 1997-æм азы йын лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны адæмон артисты ном, æмæ ма йæ схорзæхджын кодтой Ирыстоны Намысы майданæй. Йæ цардæй ахицæн 2000-æм азы. Фæлæ йæ ном цæры. Уымæн æмæ Хъантемыраты Ирбег æнустæм баззад нæ бæстæйы историйы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania