Йæ фæллойы фæндаг райдыдта хуымæтæг ахуыргæнæгæй, 32 азы йыл куы цыдис, уæд та йæ снысан кодтой рухстауынады министрæй.
Абон 95 азы сæххæст Цæгат Ирыстоны фыццаг президент Галазты Æхсарбеджы райгуырдыл. Йæ фæллойы фæндаг райдыдта хуымæтæг ахуыргæнæгæй, 32 азы йыл куы цыдис, уæд та йæ снысан кодтой рухстауынады министрæй.
Фæстæдæр æрлæууыд ЦИПУ-йы сæргъы. 90-æм азты райдиан Галазты Æхсарбег сси Цæгат Ирыстоны обкомы фыццаг секртарь æмæ Цæгат Ирыстоны уæлдæр советы сæрдар. Йæ дæсны архайды фæрцы лыггонд æрцыд Горæтгæрон районы ныхмæлæуд. Хуссар Ирыстоны æнтыстджынæй лыг кодта гуманитарон æххуысы фарстатæ. Уымæй дарддæр архайдта республикæйы хæдбардзинад сфидар кæныныл.
Галазы фырты руаджы 1994-æм азы фидаргонд æрцыд Цæгат Ирыстоны конституци, нæ республикæ та райста ном Цæгат Ирыстон-Алани. 1994-æм азы Галазты Æхсарбег сси нæ республикæйы фыццаг президент. Йæ ном æнгом баст у футболимæ. Галазты Æхсарбеджы æххуысы фæрцы «Спартак Алани»-йы командæ сси нæ бæстæйы чемпион. Цалдæр азы Галазты Æхсарбег уыдис Федерацийы Советы сенатор. Хорзæхджынгонд у Сырх Тырысайы орденæй, Майдантæ Ирыстоны намыс æмæ фæллойы ветеран.




