Афтæмæй ссардзысты Уæрæсейы сгуыхт тренер Еналдыты Аслæнбеджы рухс ном
Абон æмæ райсом спорты галуан «Манеж»-ы ацæудзæн VIII Æппæтуæрæсеон турнир армрестлингæй нылгоймæгты æмæ сылгоймæгты хсæн. Афтæмæй ссардзысты Уæрæсейы сгуыхт тренер Еналдыты Аслæнбеджы рухс ном. Ерыстæ арæзт æрцыдысты, паддзахадон программæ «Уæрæсейы Спорт» æххæст кæнгæйæ. Турниры архайдзысты 400 спортсменæй фылдæр нæ бæстæйы 20 регионæй. Се хсæн Цæгат Ирыстоны командæ дæр. Йæ хыгъды сты Золойты Алан, Хуыбаты Ирбег, Касаты Тамерлан, Наниты Даниил, Магкæты Алан, Уртаты Ацæмæз, Хъаирты Мæдинæ, Хортиты Оксанæ æмæ иннæтæ. Ерысты уæлахиздзауты æмæ призерты схорзæхджын кæндзысты майдантæй æмæ дипломтæй. Уæлахиздзау командæйæн та ратдзысты кубок æмæ дипломтæ. Сæ уæзы категориты фыццаг æртæ бынаты чи бацахса, уыдонæн ма ратдзысты æхцайы премитæ дæр.
