филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:00 воскресенье, 01 февраля 2026
03 декабря 2019, 17:00
Абон æппæт бæстæйы дæр бæрæг кæнынц æбæрæг салдаты бон

Æфсæддон намысы мемориалыл дидинджытæ сæвæрдтой Дзæуджыхъæуы дæр

Абон æппæт бæстæйы дæр бæрæг кæнынц æбæрæг салдаты бон.

Æфсæддон намысы мемориалыл дидинджытæ сæвæрдтой Дзæуджыхъæуы дæр. Æмæ уый, æрмæст Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмарди, уыдоны мысæн бон нæу. Фæлæ æппæт æфсæддон ныхмæлæуддзинæдты йæ цард чи радта, æмæ æбæрæгæй чи фæсæфти, уыдоны номарæн бон дæр. Уæрæсейы фыццаг хатт æбæрæг салдаты бон бæрæггонд æрцыди 2014-æм азы. Уыцы бон хуымæтæджы нæ равзæрстой. 1966-æм азы 3-æм декабры, Мæскуыйы бынмæ немыцаг фашисттæ ныппырх кæныны 25 азы боны, æбæрæг салдаты стæгдартæ Ленинградмæ фæндагыл Советон æфсæддонты æфсымæрон ингæнæй рахастой, æмæ сæ кадджын уавæры баныгæдтой Мæскуыйы Кремлы къулы цур, Александровский сад кæй хонынц, уым. Абоны мадзалмæ та æрбацыдысты ветеранты Советы, æхсæндаон организациты, барадхъахъхъæнæг оргæнты æмæ республикæйы разамынды минæвæрттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania