филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:01 воскресенье, 01 февраля 2026
05 декабря 2019, 17:20
Абон æппæт хъæуты скъолаты нымæцон ахуырадон баиу уыдзысты Æппæтуæрæсеон акци «Добрые уроки»-мæ

Арæзт æцæуы бархионы æппæтадæмон боны кадæн

Абон æппæт хъæуты скъолаты нымæцон ахуырадон æмæ гуманитарон къабæзты центртæ «Точка роста» баиу уыдзысты Æппæтуæрæсеон акци «Добрые уроки»-мæ. Арæзт æцæуы бархионы æппæтадæмон боны кадæн.

Акцийы нысан у — бархионты куыст парахат кæнын, стæй Уæрæсейы скъолаты ахуырдзауты æргом здахын сæхи социалон уагæй æргом кæнынмæ, уыимæ кусын сæ граждайнаг цæстæнгас фылдæр кæныныл. Скъоладзаутæ бакæсдзысты киноныв «Волонтеры будущего»-мæ. Æвдыст дзы цæуынц бархион сывæллæттæ, кæцытæ кусынц хъæддаг æрдз бахъахъхъæныныл, æххуыс кæнынц се ниниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм адæмæн, сæ цæст дарынц дзæгъæл цæрæгойтæм, иртасынц пайдайаг компьютерон куыстытæ, агурынц Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты стæгдартæ, социалон хызæгты фæрцы та парахат кæнынц хæлардзинад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania