18 сахаты дæргъы æнæрлæугæ эфир дзурдзæн, Стыр уæлахиз чи хæстæг кодта, уыцы хъæбатырты тыххæй
Абон Æппæтуæрæсеон паддзахадон телерадиокомпани Уæлахизы боны агъоммæ аразы телемарафон «Уæлахиздзаутæ». 18 сахаты дæргъы æнæрлæугæ эфир дзурдзæн, Стыр уæлахиз чи хæстæг кодта, уыцы хъæбатырты тыххæй. Стæй абон дæр сæ кадджын хистæрты хъуыддаг дарддæр чи хæццæ кæны, уыдоны тыххæй. Егъау проекты архайдзысты 8 федералон зылды. Цæгат Кавказы федералон зылды хыгъды телемарафоны архайдзæн паддзахадон телерадиокомпани «Алани» дæр. Цæгат Ирыстоны ахæм хæдзар нæ уыд, хæст йæ фæд кæуыл нæ ныууагъта. 100 мин адæймагæй ацыдысты фронтмæ. Алы дыккаг дæр йæ фыдыуæзæгыл нал сæмбæлд. Хъæбатырты нымæцмæ гæсгæ, Советон Цæдисы цы адæмыхæттытæ цардысты, уыдонæй фыццаг бынат ахсынц ирæттæ. Æдæппæтæй Советон Цæдисы хъæбатыры ном лæвæрд æрцыд 79 цæгатирыстойнагæн. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг фыццаг тохтæ цыдысты Елхоты Æрджынарæджы. Æппæтæй карздæр ныхкъуырд знаг райста Дзæуджыхъæумæ хæстæг. Нæ горæт сси хъысмæтхæссæг бынат. Ам фашисттæн фæндаг алыг кодтой Грознайы æмæ Бакуйы нефтмæ. Дзæуджыхъæуæй райдыдта Сырх æфсады уæлахизхæссæг размæбырст. Кавказ чи суæгъд кодта, уыцы хъæбатырты, намысы бынæтты тыххæй радзурдзысты паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы уацхæсджытæ. Телемарафоны центр уыдзæн Мамаев курган Волгограды. Уæрæсейы сæйраг бæрзæнды цæудзæн егъау патриотон мадзал. Цæгат Кавказы регионты блок райдайдзæн 16 сахаты æмæ 5 минутыл. Марафонмæ бакæсæн уыдзæн мультимедион платформæ «Смотрим»-ы, стæй канал «Кавказ 24»-йыл.
