филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:19 понедельник, 13 мая 2024
12 марта 2013, 12:22
Абон ахуырадон фылдæр пайда кæнынц нырыккон технологитæй

Ирон æвзаджы ахуыргæнджытæн ацы хъуыддаджы стыр æххуыс у сайт iron15.ru. Кусын райдыдта ивгъуыд азы сентябры. Проект арæзт æрцыд программæ «Ирон æвзаг» æххæстгæнгæйæ.

Абон ахуырады фылдæр пайда кæнынц нырыккон технологитæй. Ирон æвзаджы ахуыргæнджытæн ацы хъуыддаджы стыр æххуыс у сайт iron15.ru. Кусын райдыдта ивгъуыд азы сентябры. Проект арæзт æрцыд программæ «Ирон æвзаг» æххæстгæнгæйæ.

Къораты Жаннæ Дзæуджыхъæуы 27-æм скъолайы кусы æртыккаг аз. У ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг. Йæ куысты парахатæй пайда кæны инновацион технологитæй – интерактивон фæйнæгæй, интернетæй, сæрмагондæй та – сайт iron15.ru-йæ.

Къораты Жаннæ, Дзæуджыхъæуы 27-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг: «Ис дзы диссаджы тестытæ. Темæ куы рацæуæм, уæд сæ зонындзинæдтæ сбæлвырд æкæнынц тесты руаджы. Уыцы куыст сывæллæттты зæрдæмæ тынг цæуы. Варианттæм гæсгæ сбæрæг кæнынц, кæрæдзиимæ фæбыцæу вæййынц. Уый сæ разæнгард кæны. Кæсыс сæм, æмæ дæ зæрдæ райы».

Ацы тестытæ цымыдисаг сты, 5-æм къласы ахуырдзау Джагайты Жаннæйæн дæр. Алы ног темæйы фæстæ дæр сбæлвырд кæны йæ зонындзинæдтæ рацыд æрмæгæй.

Джагайты Жаннæ, Дзæуджыхъæуы 27-æм скъолайы 5-æм къласы ахуырдзау: «Тест ацыдтæн номдары темæйыл. 10 фарстæй раст скодтон 7. Хæдзары ма акусдзынæн уыцы 3 фарстайыл, раст дзы цы не скодтой, уыдоныл».

Сайт iron15.ru кусын райдыдта ивгъуыд азы сентябры. Проект арæзт æрцыд программæ «Ирон æвзаг» æххæстгæнгæйæ. Бацæттæ йæ кодта нырыккон технологиты лаборатори, республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министрады заказмæ гæсгæ. Интернет-фæрæзæй пайда кæнын сæ бон у се ппæтæн дæр. Абоны онг дзы сæхи срегистраци кодтой 400 адæймагæй фылдæр.

Санаты Ритæ, РЦИ-Аланийы ахуырады æмæ наукæйы министрады национ ахуырады хайады хицау: «Сайт, фыццаджыдæр, арæзт æрцыд уымæн, ирон æвзаг лæмбынæгдæр ахуыр кæныны тыххæй, цымыдисагдæр куыд кæной адæм, цæмæй дзы пайда кæной æрмæст урочы нæ, фæлæ ма алы рæтты дæр, нæ культурæйы, æндæр сферæты. Сывæллæттæ, стæй ахуыргæнджытæ сæ куысты хъуамæ пайда кæной ног информацион технологиты хуызтæй».

Тестытæ, чингуытæ, аудио æмæ видеоæрмæджытæ, мультфильмтæ, æмæ ма суанг караоке дæр ирон æвзагыл. Сайты алчидæр ссардзæн йæхицæн цымыдисаг æрмæг. Фидæны сæ нымæц фылдæр кæндзæн.

Ирон æвзаджы чиныг ныр сыфгай рафæлдахын ис интернеты дæр. Ирон.ру-йы ис чингуытæ, ирон æвзаг чи нæ зоны, ахæм къордтæн. Æрмæджытæй пайда кæнын ис æрмæстдæр сайты. Афтæмæй, хъахъхъæд цæуынц авторты бартæ.

Фидæны iron15.ru хъуамæ суа социалон хуызы сайт. Цæмæй дзы, чи пайда кæны, уыдонæн уа, кæрæдзиимæ ныхас кæныны фадат.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania