филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:11 воскресенье, 19 мая 2024
29 октября 2013, 16:52
Абон бæстæйы бæрæг кæнынц фæскомцæдисы 95 азы бон

Фæсивæдон коммунистон цæдисæн бындур æвæрд æрцыд 1918 – æм азы 29-æм октябры. Истори куыд амоны, афтæмæй уал азмæ йæ хыгъды уыди 200 милуан адæймаджы.

Абон бæстæйы бæрæг кæнынц фæскомцæдисы 95 азы бон. Фæсивæдон коммунистон цæдисæн бындур æвæрд æрцыд 1918 – æм азы 29-æм октябры. Истори куыд амоны, афтæмæй уал азмæ йæ хыгъды уыди 200 милуан адæймаджы.

Раздæр базар «Фæллой» кæм уыди, уым абон сагъд æрцыд 95 талайæ аллейæ. Горæты администрацийы хайæдты сæргълæуджытæ, ногдзаутæ æмæ æрæджы Цæгат Ирыстоны цы фæсивæдон ленинон коммунистон цæдис фæзынди, уый минæвæрттæ бындур сæвæрдтой фидæны паркæн. Йæ фæзуат уыдзæн 3 гектарæй фылдæр. Аллейæ конд æрцыд ногдзауты æмæ комуннистон гимнты музыкæйы зæлтæм. Адæмæй бирæтæ æрхъуыды кодтой сæхæдæг фæскомцæдисонты рæнхъыты куы æрлæууыдысты, уый. Куыд загътой, афтæмæй йын йæ хуыздæр æгъдæуттæ хъæуы фæстæмæ раздахын.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania