филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:20 суббота, 28 сентября 2024
01 октября 2021, 11:09
Абон бæрæг кæнынц ацæргæ адæймаджы дунеон бон

Традицимæ гæсгæ бæрæгбон хауы фæззæджы дыккаг мæйы фыццаг бонмæ æмæ йын ис сæрмагонд нысан – гом арм

Абон бæрæг кæнынц ацæргæ адæймаджы дунеон бон. Традицимæ гæсгæ бæрæгбон хауы фæззæджы дыккаг мæйы фыццаг бонмæ æмæ йын ис сæрмагонд нысан – гом арм. Уый у æххуысы æмæ хæларзæрдæдзинады символ. Бæрæгбоны нысан у æхсæнады æргом раздахын ацæргæ адæмы риссаг фарстатæм. Хистæр фæлтæрæн бæрæгбоны фæдыл раарфæ кодта Сергей Меняйло. Республикæйы сæргълæууæг куыд бафиппайдта, афтæмæй бæрæгбон нысан кæны фæлтæрты иудзинад, хистæртыл аудындзинад æмæ адæмы бастдзинад. Сергей Меняйло загъта, хистæр фæлтæрæн æххуыс кæнын æмæ сын сæ цард фæрогдæр кæнын хицауады сæйрагдæр нысантæй иу кæй у, уый æмæ зæрдæ бавæрдта, дарддæр дæр сын кæй æххуыс кæндзæн, уымæй. Æнæниз æмæ уæнгрог ут, уæ кæстæртæй рох макуы ут! Уыдис загъд арфæйы телы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania