филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:21 суббота, 31 января 2026
14 марта 2025, 10:36
Абон байгом уыдзæн æппæт сезонты кусæг туристон-рекреацион курорт «Мамысон»

Уый фæдыл кусæг æмбырд ацыд, Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй

Абон байгом уыдзæн æппæт сезонты кусæг туристон-рекреацион курорт «Мамысон». Уый фæдыл кусæг æмбырд ацыд, Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй. Æмбырды архайдтой акционерон æхсæнад «КАВКАЗ.РФ»-ы æххæстгæнæн директор Хасан Тимижев, вице-премьетæ Икъаты Русланбег æмæ Платы Альбинæ, æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнты минæвæрттæ, мидхъуыддæгты æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрадты специалисттæ. «Мамысон» кадджын уавæры байгом кæндзысты абон 12 сахаты æмæ 30 минутыл. Культурон программæйы уыдзæн – ирон кæрдзынты фестиваль, æрмдæсныйады куыстыты равдыст. Фæзтæ кусдзысты 10 сахатæй 15 сахаты онг. Арæзт æрцæудзæн акци «Чемпионимæ зарядкæ». Чысыл уазджытæн уыдзæн ирхæфсæн зонæ. Уазджыты зæрдæтæ барухс кæндзысты сфæлдыстадон къордтæ æмæ республикæйы зындгонд артисттæ. Скусдзысты ауындзгæ фæндæгтæ, æмæ уыцы бон кусдзысты лæвар. Транспорты фарста дæр лыггонд æрцыд. Республикæйы цæрджытæн æмæ уазджытæн «Мамысон»-мæ лæвар ацæуæн уыдзæн 9 сахатыл. Автобустæ лæудзысты Къостайы проспекты, Ирон театры рдыгæй. Фæстæмæ дæр рацæуæн уыдзæн уыдоныл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстым, курорт «Мамысоны» арæзтад райдыдта 2022-æм азы. Проектмæ цæстдард цæуы Уæрæсейы экономикæйы Министрады рдыгæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania