19 июня 2019, 17:20
Абон Балтайы бæрæг кæнынц Ломисы бæрæгбон
Адæмон бæрæгбон фæбæрæг кæнынц афæдз иу хатт. Традицимæ гæсгæ дзы æрæмбырд бирæ адæм.
Абон Балтайы бæрæг кæнынц Ломисы бæрæгбон.
Адæмон бæрæгбон фæбæрæг кæнынц афæдз иу хатт. Традицимæ гæсгæ дзы æрæмбырд бирæ адæм. Гуырдзыйы бæрæгбоны хсæв кувæг адæм фæцæуынц моладзандонмæ. Райсомæй та акæнынц нывонд кусарт. Фылдæр хатт фыс. Стъолтæ вæййынц бæркадджын, æнæмæнг æртæ чъирийы æмæ бæгæны. Хуыцаумæ скувынц дыууæ æвзагыл. Адæм не сфæлдисæгæй курынц сабырдзинад. Ломисы бæрæгбонæн бындур æвæрд æрцыди Гуырдзыйы, фæлæ иу кæны Цæгат Ирыстоны æппæт нациты дæр. Гуырдзиæгтæ, сомихæгтæ, ирæттæ, уырыссæгтæ – иууылдæр сæхи æнкъарынц иу стыр бинонтау.
темæмæ гæсгæ




