филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:57 четверг, 22 мая 2025
30 марта 2016, 18:49
Абон дæсны æмæ фæлтæрдджын диктор, уарзон æмкусæг æмæ цæстуарзон адæймаг Гаппуаты-Хъуылаты Зирæ бæрæг кæны йæ 90 азы юбилей

Зирæйы сфæлдыстадон фæндаг райдыдта ирон драмон театры. Уый фæстæ уыд радиойы диктор, фæстæдæр режиссер, стæй та литературон-драмон редакцийы редактор.
Цыбыр рæстæгмæ йæ раивтой телеуынынадмæ. Зирæ йæ мадæлон æвзаг æгæрон уарзтæй уарзы, æмбары йын йæ ад, æмæ йæ рæсугъддзинад кæддæридддæр амыдта иннæтæн дæр. Литературон-драмон редакцийы кусгæйæ, программæтæ арæзта культурæйы кусджытыл.

79966
Цæгат Ирыстоны радиомæ хъусджытæн Гаппуаты-Хъуылаты Зирæйы ном æнæзонгæ нæу. Кæд нал кусы, уæддæр ма йæ хъæлæс бирæтæ мысынц. Дикторты æрыгон фæлтæртæн та у фæзминаг. Абон дæсны æмæ фæлтæрдджын диктор, уарзон æмкусæг æмæ цæстуарзон адæймаг Гаппуаты-Хъуылаты Зирæ бæрæг кæны йæ 90 азы юбилей.
Зирæйы сфæлдыстадон фæндаг райдыдта ирон драмон театры. Уый фæстæ уыд радиойы диктор, фæстæдæр режиссер, стæй та литературон-драмон редакцийы редактор.
Цыбыр рæстæгмæ йæ раивтой телеуынынадмæ. Зирæ йæ мадæлон æвзаг æгæрон уарзтæй уарзы, æмбары йын йæ ад, æмæ йæ рæсугъддзинад кæддæридддæр амыдта иннæтæн дæр. Литературон-драмон редакцийы кусгæйæ, программæтæ арæзта культурæйы кусджытыл. Сылгоймæгты съездмæ цæттæ кодта равдыстытæ «Хæхты чызджытæ». Кодта проект «Уыдон æрхастой уæлахиз». Йæ программæтæ абон зынгæ бынат ахсынц телеуынынады хæзнадоны.
Фæлæ сæйрагдæр хæзна та у Зирæйы хъæлæс.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania