филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:03 понедельник, 15 декабря 2025
14 февраля 2014, 11:36
Абон дунейы цалдæр бæстæйы бæрæг кæнынц Сыгъдæг Валентины бон

Алы паддзахадты йæ бæрæг кæныны фæтк рагæй ныффидар. Уæрæсейы та фæстаг цалдæр азы уæлдай тынгдæр парахат кæнын райдыдта. Ацы бон уарзæттæ сæ кæрæдзийæн фæкæнынц лæвæрттæ.

Абон дунейы цалдæр бæстæйы бæрæг кæнынц Сыгъдæг Валентины бон
Алы паддзахадты йæ бæрæг кæныны фæтк рагæй ныффидар. Уæрæсейы та фæстаг цалдæр азы уæлдай тынгдæр парахат кæнын райдыдта. Ацы бон уарзæттæ сæ кæрæдзийæн фæкæнынц лæвæрттæ. Фыццаджыдæр, «валентинкæтæ» – бæрæгбоны нывæфтыдтæ зæрдæты хуызы уарзондзинады ныхæстимæ, стæй дидинджытæ æмæ къафеттæ. Валентин уыд сауджын æмæ аудыдта æппæт уарзæттыл дæр. Императоры сусæгæй ма дзуæрттæ æфтыдта легионертыл дæр. Йæ коммæ кæй нæ кæсы, уый Клавдий базыдта, æмæ йæ ахæстоны сбадын кодта. 269-æм азы 14-æм февралы та йын хаст æрцыд марыны тæрхон.

Ахæстоны бадгæйæ, Валентин æмæ йæ хъахъхъæнæджы чызг кæрæдзийы бауарзтой. Йæ мæлæты размæ йæм епископ ныффыста фыстæг уарзондзинады ныхæстимæ æмæ йæ бафыста «Твой Валентин». Афтæ таурæгъмæ гæсгæ фæзынд фыццаг «валентинкæ».

Куыдфæстæмæ 14 февралы кæрæдзимæ уарзондзинады фыстæджытæ æрвитыны фæтк кодта парахатдæр. Æрыгæттæ иу сæ саив кодтой хуызджын гæххæттытæ æмæ алыхуызон ахорæнтæй.

Ныртæккæ дунейы æппæтæй рагондæр «валентинкæ»-йыл нымад у Герцог Орлеанскийы фыстæг йе мкъаймæ. Ис Британийы музæйы, фыст та æрцыди 1415 азы.

Ныры фæлтæртæ дæр сæ зынаргъ адæмæн кæнынц зæрдæмæдзæугæ æмæ æхсызгон лæвæрттæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania