филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:24 понедельник, 15 декабря 2025
11 сентября 2019, 13:02
Абон Дыгуры æмæ Æрæфы районты райдыдта конкурс «Ирон бæгæны»-йы районы къæпхæн

Райсом конкурс ацæудзæн Æрыдоны æмæ Алагиры районты

Абон Дыгуры æмæ Æрæфы районты райдыдта конкурс «Ирон бæгæны»-йы районы къæпхæн. Райсом конкурс ацæудзæн Æрыдоны æмæ Алагиры районты. Ирон бæгæныйы фестиваль цæуы ныр 9-æм аз. Йæ хъæппæрис разынди компаниты къорд «Бавария», республикæйы культурæйы министрад æмæ традицион культурæ æмæ этнотуризмы центр «Фарн»-мæ. Хуыздæр бæгæныфыцджыты бæрæг кодтой дегустацимæ гæсгæ. Жюрийы уæнгтæ йын кæсынц йæ хуызмæ æмæ йæ адмæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй афæдзæй-афæдзмæ конкурсы архайджыты фæлтæрдзинад æмæ арæхстдзинад кæны хуыздæр. Уымæ гæсгæ, хуыздæр адæмон бæгæныфыцæджы равзарын æнцон нæ вæййы. Уый хыгъд, конкурсы æппæт архайджытæ дæр райсдзысты дипломтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. Фыццаг æртæ бынаты чи бацахса, уыдон та хорзæхгонд æрцæудзысты æхцайы призтæй. Æвзарæн къæпхæнтæ фæуыдзысты 26-æм сентябры, Хуссар Ирыстоны. Районты къæпхæнты уæлахиздзаутæ архайдзысты конкурсы финалы. Уым та тох кæндзысты сæйраг призыл. Финал уыдзæни Дзæуджыхъæуы 4-æм октябры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania