26 августа 2014, 17:23
Абон Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Дзантиаты Сергей федта, ацы хъуыддаг куыд æххæстгонд цæуы, уый
Горæты 22 фæндаджы хъуамæ цалцæггонд æрцæуой ацы аз. Сæ фылдæр ныридæгæн цæттæ сты. Куыстытæ ма цæуынц 4 уынджы.
Горæты 22 фæндаджы хъуамæ цалцæггонд æрцæуой ацы аз. Сæ фылдæр ныридæгæн цæттæ сты. Куыстытæ ма цæуынц 4 уынджы.
Абон Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Дзантиаты Сергей федта, ацы хъуыддаг куыд æххæстгонд цæуы, уый. Куыстытæй разыйæ баззад. Йæ ныхæстæм гæсгæ, азæй-азмæ фæндæгты уавæр хуыздæр кæны. Куыстытæ æххæстгонд цæуынц фæндæгты республикон фонды субсидиты руаджы. Ацы аз радих кодтой 119 милуан сомы. Æхца схардз кодтой, æппæтæй æвзæрдæр уавæры цы фæндæгтæ сты, уыдоны бындурон цалцæгыл, стæй ног фæндæгтæ аразыныл.
Плиты Алыксандр, Дзæуджыхъæуы администрацийы информацион хайады сæргълæууæг: «Ацы аз дæр дыууæ ног фæндаджы сарæзтам, фæлæ иннæ азты мах архайдзыстæм, цы фæндæгтæ нын ис горæты, уыдоныл. Сæ уавæртæм сын лæмбынæг кæсдзыстæм, æмæ сæ цалцæг кæндзыстæм».
![Соц Сети Соц Сети](https://alaniatv.ru/wp-content/uploads/2019/01/Alania_TG_1140x151.gif)
темæмæ гæсгæ