филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:14 воскресенье, 19 мая 2024
18 декабря 2013, 16:38
Абон Дзæуджыхъæуы Арбитражон тæрхондоны райдыдтой «Регионы рæзты банчы» хъуыддагмæ кæсын

Банчы рæстæгмæйы администраци цы бæрæггæнæн куыст бакодта, уымæ гæсгæ активты аргъ у æртæ миллиарды æмæ фондз сæдæ милуан сомы онг, хæстæ та иу миллиард фылдæр сты.

Абон Дзæуджыхъæуы Арбитражон тæрхондоны райдыдтой «Регионы рæзты банчы» хъуыддагмæ кæсын
Банчы рæстæгмæйы администраци цы бæрæггæнæн куыст бакодта, уымæ гæсгæ активты аргъ у æртæ миллиарды æмæ фондз сæдæ милуан сомы онг, хæстæ та иу миллиард фылдæр сты. Уæрæсейы Центрон банчы минæвæртты хъуыдымæ гæсгæ уый у, Регионы рæзты банк банкротыл банымайыны сæйраг аххосаг. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Регионы рæзты банкæн йæ лицензи райстой цыппæрдæсæм октябры, барадхъахъхъæнæг оргæнтæ финансон куыстуаты кассæйы иу миллиард æмæ æртæ сæдæ милуан сомы куы нал ссардтой, уæд. Октябры кæрон паддзахадон корпораци «фæдзахстадон Агентад» райдыдта банчы клиенттæн се ‘хцатæ фидын. Æхсæз сæдæ фиддоны агентад банымадта æнæфæдзахстадонтыл, дихтæ кæнын сæ кæй райдыдтой, уый тыххæй. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ агентады минæвæрттæ сæхæдæг тæрхондонмæ не ‘рбацыдысты. Тæрхондоны иннæ æмбырд уыдзæн дыууын фæндзæм декабры.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania