филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:42 суббота, 21 сентября 2024
15 ноября 2012, 15:53
Абон Дзæуджыхъæуы байгом дыууæ цыртдзæвæны

Ирон литературæйы классик Гæдиаты Секъайæн абон Дзæуджыхъæуы Пехуымпар Ильяйы аргъуаны цур байгом цыртдзæвæн.

Секъа цард 1855-æм – 1915-æм азты.

Ирон литературæйы классик Гæдиаты Секъайæн абон Дзæуджыхъæуы Пехуымпар Ильяйы аргъуаны цур байгом цыртдзæвæн.

Секъа цард 1855-æм – 1915-æм азты.
1872-æм азæй фæстæмæ Ирыстоны кувæндæтты куыста динамонæгæй. Номдзыд
фыссæг куы амард, уæдæй рацыд 100 азы, фæлæ йæ сфæлдыстад ныр дæр у
актуалон. Абон Секъайы ингæнæн цы цырдзæвæн байгом кодтой, уырдæм
æрбацыдысты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны республикæты бæрнон кусджытæ,
Дзæуджыхъæуы разамонджытæ, дины кусджытæ, йæ хæстæджытæ, интеллигенцийы
æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Абон ма Сабырдзинады проспекты дæр
ацыдысты кадджын мадзæлттæ. Баст сты, Дзанайы-фырты æмæ Маяковскийы
уынгты тигъыл зындгонд фыссæг Михаил Булгаковæн номарæн цыртдзæвæн æмæ,
кæм цард, уыцы хæдзары къулыл мемориалон фæйнæг байгом кæнынимæ.
Архайдтой дзы республикæйы бæрнон кусджытæ, горæты разамонджытæ,
скульптурæйы автор Тауаситы Вячеслав, интеллигенцийы æмæ æхсæнады
минæвæрттæ. Цыртдзæвæн байгом кодтой республикæйы хицауады сæрдар
Такъоты Сергей æмæ горæты мэр Дзантиаты Сергей. Кадджын мадзалы
архайджыты зæрдæтæ сæ аивадæй барухс кодтой Вахтанговы номыл уырыссаг
академион театры артисттæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania