филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:28 воскресенье, 14 декабря 2025
20 июня 2014, 14:39
Абон Дзæуджыхъæуы байгом стыр горæтты æппæтадæмон ассамблейы 6-æм форум

Фыццаджыдæр, йæ архайджытæ Намысы мемориалы æрхъуыды кодтой, Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй чи нал сыздæхт, уыцы æфсæддонты нæмттæ. Æнусон арты цур дидинджытæ сæвæрдтой

73114
Фыццаджыдæр, йæ архайджытæ Намысы мемориалы æрхъуыды кодтой, Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй чи нал сыздæхт, уыцы æфсæддонты нæмттæ. Æнусон арты цур дидинджытæ сæвæрдтой ассамблейы разамынды, Дзæуджыхъæуы администрацийы минæвæрттæ, ветерантæ, æхсæнадон архайджытæ. Уый фæстæ форумы куыст ахæццæ горæты администрацийы. Ныхас цыд, муниципалон скондты райрæзтыл. Архайдтой дзы 30 горæты минæвæрттæ – Уæрæсейæ æмæ хæстæгдæр фæсарæйнаг бæстæтæй. Сæрмагонд доклад бацæттæ кодта Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Дзантиаты Сергей. Радзырдта горæты райрæзты тыххæй. Радих кодта 4 къабазы – социалон фарстатæ, цæрæн-коммуналон хæдзарад, адæмимæ куыст, администрацийы архайды ахадындзинад уæлдæр кæнын. Форумы нысан у, цæмæй алы горæттæ кæрæдзийы фæлтæрддзинады хуыздæр миниуджытæй пайда кæной, цæрджыты цард фæхуыздæр кæнынæн.

Томайты Хъазыбег, Дзæуджыхъæуы администрацийы экономикæйы управленийы хицау: «Ныхас кæнынц инвестицион климаты, экономикон уавæры тыххæй. Фæнды сæ сæ экономикон уавæртæ фæхуыздæр кæнын. Махæн нæ горæты сæрдар радзырдта цытæ ныны бантыстис фæстаг азты, уый тыххæй, иннæ регионтæн æмæ горæттæн цы равдыстам. Мах æнхъæл стæм ацы форум нын пайдайаг кæй уыдзæн. Иу чысыл нæ горæты инвестицион æмæ экономикон уавæр фæдзæбæхдæр уыдзæн».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania