филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:51 вторник, 16 декабря 2025
07 октября 2014, 17:20
Абон Дзæуджыхъæуы минæвæртты сконды æмбырды йæ хæстæй уæгъдгонд æрцыд горæты администрацийы сæргълæууæг Дзантиаты Сергей

Ахæм уынаффæ хаст æрцыд хъæлæс кæнгæйæ. Закъонмæ гæсгæ, горæты минæвæртты ног сконд фидаргонд куы æрцæуы, уæд фæвæйыц бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæджы бартæ дæр.

74652
Абон Дзæуджыхъæуы минæвæртты сконды æмбырды йæ хæстæй уæгъдгонд æрцыд горæты администрацийы сæргълæууæг Дзантиаты Сергей. Ахæм уынаффæ хаст æрцыд хъæлæс кæнгæйæ. Закъонмæ гæсгæ, горæты минæвæртты ног сконд фидаргонд куы æрцæуы, уæд фæвæйыц бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæджы бартæ дæр. Æмбырды ма депутаттæ сфидар кодтой ацы бынатмæ конкурс аразыны фæтк. Ныртæккæ уал горæты мэры хæстæ æххæст кæны бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæджы 1-аг хæдивæг Таматы Майрæн.
Конкурс кæд арæзт цæудзæн, уый сбæрæг кæндзысты горæты минæвæртты сконды иннæ байхъуысты. Æппæт информаци нымыхуыр кæндзысты, конкурс аразынæй 20 боны раздæр.
Абон ма фидаргонд æрцыдысты горæты минæвæртты сконды сæргълæууæджы хæдивджытæ. Уыдон сты: Антон Петров, Тенгиз Теникашвили æмæ Ходы Мæдинæ. Сбæрæг кодтой горæты муниципалон исбонады æмæ æндæр ахсджиаг къабæзтæн разамындæттæг къамистæ æмæ сæ уæнгты.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania