19 марта 2018, 18:20
Абон Дзæуджыхъæуы сæйраг базары æрымысыдысты, терракты йæ цард кæмæн аскъуыди, уыдоны рухс нæмттæ
1999-æм азы 19-æм мартъи.
Абон Дзæуджыхъæуы сæйраг базары æрымысыдысты, терракты йæ цард кæмæн аскъуыди, уыдоны рухс нæмттæ.
1999-æм азы 19-æм мартъи. 300 адæймагæй фылдæр фесты алыхуызон цæфтæ. 2000-æм азæй фæстæмæ горæты скъолатæй сабырдзинадтауджытæ кад кæнынц, терракты чи фæмарди, уыдоны бинонты. 18 азы дæргъы, 19-æм мартъийы базары æрæмбырд вæййы бирæ адæм. Ацы хатт дæр хистæркъласонтæ æрбацыдысты плакаттимæ, сиддысты адæммæ, цæмæй ацы хъуыддаг рох макуы уа, æмæ æдзард адæмты ном æдзух арой. Бакастысты æмдзæвтæгæ, ссыгътой мыдадзын цырæгътæ.

темæмæ гæсгæ