Йæ темæ – Афганистаны хæст æмæ афгайнаг хæстонтæ.
Иннæ мæй Уæрæсейы бæрæг кæндзысты, Афганистанæй æфсæдтæ куы ракодтой, ууыл 25 азы кæй сæххæст, уый. Афганистаны хæсты Цæгат Ирыстонæй архайдтой мин адæймагæй фылдæр, 56-æй дзы фæстæмæ нал сыздæхтысты.

Конференцимæ хуынд æрцыдысты республикæйы хицауады, æхсæнадон æмæ ветеранты организациты минæвæрттæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæ, скъоладзаутæ, студенттæ æмæ 58-æм æфсады афицертæ. 15-æм февралы агъоммæ снысан кодтой кусæг къорд, йæ сæргъы хицауады сæрдары хæдивæг Таболты Сергей, афтæмæй. Куыд загътой, афтæмæй бæрæгбоны мадзæлттæ ацæудзысты бæрзонд æмвæзадыл.