Сæ иу 96-æм рæвдауæндоны. Уыдзæн дзы 55 бынаты. Бæстыхай æххæстæй цæттæ у сабиты суазæг кæнынмæ.
Абон Дзæуджыхъæуы дыууæ рæвдауæндоны байгом кодтой ног корпустæ.
Сæ иу 96-æм рæвдауæндоны. Уыдзæн дзы 55 бынаты. Бæстыхай æххæстæй цæттæ у сабиты суазæг кæнынмæ. Æртæ къорды – фæйнæ 18 адæймаджы. Ис ын æппæт æмбæлгæ уавæртæ, хъазæнтæ æмæ цæстуынгæ æрмæг. Ахæм корпусты арæзтад бантыст федералон программæмæ гæсгæ. Царды йæ уадзын райдыдтой 2018-æм азы ноябры.
Иу ног бæстыхай ма абон эксплуатацийы радтой Къесаты Астаны уынджы 81-æм рæвдауæндоны дæр. Ам дæр байгом кодтой 3 уæлæмхасæн кæстæр къорды. Ныридæгæн дзы уыд иу къорд, æмæ йæм цыди 40 сабийы. Нырæй фæстæмæ хъомылгæнджытæн уыдзæн фылдæр гæнæнтæ. Рæвдауæндæтты кусджытæ æмæ ныййарджытæ загътой бузныг, афæдзы рдæгмæ ахæм ахадгæ куыст кæй бакодтой, уый тыххæй. Ацы азмæ кæронмæ ма Дзæуджыхъæуы байгом кæндзысты ноджыдæр 7 ахæм корпусы.




