филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:11 суббота, 21 сентября 2024
17 декабря 2012, 15:33
Абон фæсихор Сабырдзинады фæзы техникæ æмбырд кæнын куы райдыдта, уæд бирæтæм цымыдисаг фæкаст

Абон фæсихор Сабырдзинады фæзы техникæ æмбырд кæнын куы райдыдта, уæд бирæтæм цымыдисаг фæкаст

Абон фæсихор Сабырдзинады фæзы техникæ æмбырд кæнын куы райдыдта, уæд бирæтæм цымыдисаг фæкаст.

Цы хъуыддаджы фæдыл æй æрбатардтой, уый базонгæйæ та иууылдæр æнхъæлмæ кастысты.
Цæмæ?.. уый уæхæдæг уынут. Сабырдзинады фæзы æвæрд æрцыд Ног азы фидауц – заз бæлас.

Æрдзон рæсугъдыл 40 азæй фылдæр цæуы.
Ссардтой йæ Суадагмæ хæстæг. Йæ бæрзæнд 27 метрæй фылдæр кæй у, уымæ
гæсгæ йæ 4 боны сæрмагонд куыстуаты минæвæрттæн йæ бон арбаласын нæ уыд.
Абон ссардтой æмбæлгæ машинæтæ æмæ бæлас ныффидар кодтой фæзы астæу.
Ныр алкæй цæст дæр рæвдауы. Хæстæгдæр рæстæг æй куы саив кæной алыхуызон
хъазæнтæй æмæ цырæгътæй – уæд та, зæгъæн ис, æмæ цæхæртæ скалдзæн.

Уæдæ Ног Азы æхсæв та йæ алыварс адæм
куы æрæмбырд уой, уæд алкæмæн дæр лæвар кæндзæн алæмæты бæстæйы
диссæгтæ, сæххæст кæндзæн сæ бæллицтæ.

Гозымты Хъазыбег, куыстуат «Владлес»-ы
хицау: «Ацы бæлас бирæ агуырдтам. Фæндыд нæ цæмæй Дзæуджыхъæуы сæйраг
фæзы, бæрæгбон кæм уыдзæн, уым лæууа æмæ адæмы цæст рæвдауа рæсугъд заз
бæлас. Фæлæ ахæм бæрзонд бæлас æрбаласынæн хъæугæ машинæ нæ ардтам æмæ
афтæмæй 4 боны афæстиат стæм. Абон æй æрластам, æвæрæм. Æмæ ныр алкæй
бон дæр у æрбацæуын æмæ йæм бакæсын».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania