14 июля 2014, 17:22
Абон Хуссар Ирыстоны бæрæг кæнынц, Уæрæсейы сабырдзинад тауæг тыхты бон
22 азы размæ 14-æм июлы гуырдзиаг-ирон быцæу цы территорийыл цыд, уырдæм бацыдысты сабырдзинад тауæг æфсæдтæ æмæ баурæдтой тугкалæн хæст. Уымæй фæстæмæ архайдтой сабыр цард хъахъхъæныныл.
22 азы размæ 14-æм июлы гуырдзиаг-ирон быцæу цы территорийыл цыд, уырдæм бацыдысты сабырдзинад тауæг æфсæдтæ æмæ баурæдтой тугкалæн хæст. Уымæй фæстæмæ архайдтой сабыр цард хъахъхъæныныл. 2008-æм азы гуырдзиаг агрессорты ныббырсты фыццаг цæфтæ сæхимæ райстой ацы фсады службæгæнджытæ. Сабырдзинад тауæг тыхты бон Хуссар Ирыстоны нымад у паддзахадон бæрæгбоныл æмæ ацы бон арæзт цæуы бирæ мадзæлдтæ. Абон дæр хицауад æмæ æфсæддонтæ æрымысыдысты, чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ. Дидинджытæ сæвæрдтой, Уæрæсейаг Сабырдзинад тауæг батальоны кæлæддзаг городочы цур, арæнхъахъхъæнæн управленийы цыртдзæвæныл. Аргъуанты бакувтой Хуыцаумæ. Уæрæсейы æфсæддон базæйы та уыд гом дуæртты бон. Уазджытæ федтой, æфсæддонтæ куыд цæрынц æмæ куыд службæ кæнынц, уый. Гуырдзийаг агрессийы рæстæг Хуссар Ирыстоны фæмард 15 сабырдзинадтауæджы, бынтон басыгъд Цхинвалы цур уæрæсейаг æфсæддонты горæт. Ныртæккæ Хуссар Ирыстоны сабырдзинад хъахъхъæнынц Уæрæсейы 4-æм базæ, Уæрæсейы æдасдзинадхъахъхъæнæг федералон службæйы арæнхъахъхъæнæг управлени Хуссар Ирыстоны. Сабырдзинад тауджыты ном хæссы Цхинвалы уынгтæй иу.
темæмæ гæсгæ




