филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:49 воскресенье, 01 февраля 2026
01 сентября 2022, 11:56
Абон Ирыстоны райдыдтой мысæн æмæ хъыггæгæн бонтæ

18 азы размæ Беслæны æрцыд зæрдæхалæн террористон акт

Абон Ирыстоны райдыдтой мысæн æмæ хъыггæгæн бонтæ. 18 азы размæ Беслæны æрцыд зæрдæхалæн террористон акт. Кæд рæстæг цæуы, уæддæр адæмы рыст нæ мынæг кæны.Республикæйы Хицауады координацион æмбырды æрныхас кодтой, 1-3 сентябры Беслæны номарæн мадзæлттæ саразыныл. Уыдон цæудзысты Беслæны 1-æм скъолайы территорийы стæй мемориалон комплекс «Зæдты горæты». Абон 9 сахаты æмæ 15 минутыл скъолайы кæрты азæлдзæн дзæнгæрæг. Уый фæстæ адæм цæудзысты дидинджытимæ. Фæстæдæр та номарæн аргъуыд. 13 сахатыл, традицимæ гæсгæ Беслæны культурæйы Галуаны арæзт æрцæудзæн теракты хъыгдардбаййафджыты пресс-конференци. Сентябры фыццаг æртæ боны скъолайы кæрты суддзысты сойын цырæгътæ. 3-æм сентябры та ногæй уыдзæн дзуæрттимæ цыд фыццæгæм скъолайы кæртæй мемориалон комплекс «Зæдты горæты» онг. Уым мемтрономы зæлтæм бакæсдзысты, теракты чи бацарæфтыд, уыдоны нæмттæ. Скъоладзаутæ та арвмæ суаддзысты 334 уæлдæфон шары.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania