филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:52 воскресенье, 19 мая 2024
14 июня 2023, 10:05
Абон йæ юбилей бæрæг кæны ирон телеуынынады зындгонддæр диктортæй иу – Хъулаты Земфирæ

Бирæтæ нæ зонынц, фæлæ ацы дæсныйадмæ æнæнхъæлæджы æрбацыд, æрыгон чызгæй йæ фæндыд режиссер суæвын

Абон йæ юбилей бæрæг кæны ирон телеуынынады зындгонддæр диктортæй иу – Хъулаты Земфирæ. Бирæтæ нæ зонынц, фæлæ ацы дæсныйадмæ æнæнхъæлæджы æрбацыд, æрыгон чызгæй йæ фæндыд режиссер суæвын. Фæлæ йæ фыццаг эфиртæй бамбæрста, йæ цард ныр телеуынынадимæ баст кæй уыдзæн, уый. Æмæ, æцæгæйдæр, афтæ рауад. 55 азы фæстæ дæр ма Хъулаты Земфирæ телевизормæкæсджыты буц кæны йе сфæлдыстадæй. Юбиляримæ сæмбæлд нæ уацхæссæг Хъайтмазты Дзерассæ, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Уæздан, æгъдауджын, аив дзырды дæсны. Æмæ ма бирæ эпитеттæ ис ранымайæн, Хъулаты Земфирæйы тыххæй дзургæйæ. Иу дæр дзы уæлдай нæ уыдзæн. Йæ цард телеуынынадимæ æнæнхъæлæджы сбаста. Никуы бæллыд диктор суæвынмæ, фæндыд æй режиссерыл сахуыр кæнын. Телеуынынадмæ дæр уый тыххæй æрбацыд 20-аздзыд чызгæй.

Хъулаты Земфирæ, ПТРК «Алани»-йы телепрограммæты амонæг, РЦИ-А адæмон артисткæ: «Куы æрбацыдтæн, уæд уыцы рæстæг ам уыд æркаст. Архайдта дзы бирæ рæсугъд чызджытæ. Нæ телеуынынады уæды сæрдар Æгъуызарты Æхсарбег йæ кусджытæн загъта: «Мæнæ ма ацы чызджы дæр фенут». Фæндгæ мæ тынг нæ кодта, фæлæ уæддæр æрбадтæн.  Уый фæстæ мæм æрбацыд нæ режиссер Виктор Постон, æрбадис æмæ загъта: «Нæ зæрдæмæ тынг фæцыдтæ, фæлæ махмæ гæсгæ ды дæ æгæр æрыгон». Æз сын уырыссагау загътон: «Этот недостаток очень скоро пройдет». Æмæ уыдон худын райдыдтой. 3 лæгæй уыдысты кабинеты, æмæ кæл-кæлæй худтысты».

Афтæ райдыдта ирон телеуынынады ирддæр стъалытæй иуы сфæлдыстадон фæндаг. Дудиаты Владимиримæ сæ тандем уыд зындгонд республикæйы æппæт цæрджытæн. Адæм-иу алы изæр дæр сæ телевизорты раз æрæмбырд сты, цæмæй фехъусой уарзон амонджыты æхсызгон салам. Ныр дæр ма уыцы ныхæстæ зæрдæйæн зынаргъ сты.

Абон дæр Земфирæ йе сфæлдыстадæй буц кæны телевизормæкæсджыты. Ис ын авторон программæ – «Зæрдæмæ фæндаг». Дзуры дзы республикæйы алы къабæзты чи архайы, уыцы цымыдисаг адæмы тыххæй. Йе мкусджыты æмæ программæйы хъайтарты тыххæй дзургæйæ, Земфирæ бахахх кæны, адæймаг у царды æппæтæй сæйрагдæр хæзна.

Хъулаты Земфирæ, ПТРК «Алани»-йы телепрограммæты амонæг, РЦИ-А адæмон артисткæ: «Цыфæнды техникæ, цыфæнды компьютерон диссæгтæ куы кæнай, уæддæр адæймагæн цымыдисаг у æрмæстдæр адæймаг. Уыйбæрц рæсугъд, æмæ Ирыстонæн лæггад чи кæны зæрдæйæ, ахæм адæмимæ сæмбæлдтæн, æмæ ахæм адæмимæ куы сæмбæлай æмæ семæ куы аныхас кæнай, уæд адæймаджы зæрдæ уæлæрвтæм цыма стæхы, афтæ вæййы».

Абон йæ кæстæр æмкусджытæн Хъулаты Земфирæ у дæнцæг. Йæхицæн дæр æнцон æмæ æхсызгон у се *хсæн кусын. Æнæвгъауæй лæвар кæны йæ фæлтæрддзинад.

Хъулаты Земфирæ, ПТРК «Алани»-йы телепрограммæты амонæг, РЦИ-А адæмон артисткæ: «Худæг дæр вæййы. Æз афтæ сабыргай æрбацæуын куыстмæ, цæмæй мæ чызджытæ ма базоной, фæлæ куыддæр дуар байгом кæнын, афтæ ратæхынц, æмæ кабинет худынæй, батæй-гæботæй байдзаг вæййы. Тынг бирæ сæ уарзын. Фæнды мæ зæгъын, цæстмæхъус ныхасмæ мын æй ма бамбарут, уымæн æмæ æмхиц никуы уыдтæн уыцы хъуыддæгтимæ, фæлæ Хъуысаты Тимур ныртæккæ ам цы атмосферæ ис, уый саразынæн адæймагæн хъæуы рæсугъд, æмæ тыхджын миддуне. Ис æм уыцы миниуджытæ. Куыд ирон лæппу, уый хистæртæм ахæм цæстæй кæсы, цыма мах йæ хæдзары базæронд стæм. Æмæ йын стыр бузныг».

Гæнæн ис, æмæ нысангонд цардвæндагыл куы ацыдаид, уæд Земфирæйæ рауадаид зындгонд режиссер. Фæлæ йæ хъысмæт афтæ кæй рауад, ууыл никуы фæфæсмон кодта. 55 азмæ Хъулаты Земфирæ ссардта фæндаг алы телевизормæкæсæджы зæрдæмæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania