филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:06 суббота, 05 октября 2024
08 апреля 2022, 11:28
Абон йе 85 азы юбилей бæрæг кæны легендарон диктор, нæ республикæйы цæрджыты уарзондæр амонæг Дудиаты Владимир

Телевизормæ кæсджытæ йæ бауарзтой, фыццаг хатт æй экраны куы федтой, уæд

Цæгат Ирыстоны телеуынынады символ. Абон йе 85 азы юбилей бæрæг кæны легендарон диктор, нæ республикæйы цæрджыты уарзондæр амонæг Дудиаты Владимир. Телевизормæ кæсджытæ йæ бауарзтой, фыццаг хатт æй экраны куы федтой, уæд. Абон телеуынынады хæзнадоны ис стыр коллекци йæ архайдимæ программæтæй. Зын бауырнæн у, фæлæ фыццаг равзæрста медицинон дæсныйад. Хъысмæт та йын рахаста йæхи тæрхон. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Йæ рудзынгæй Дзæуджыхъæу раст цыма армы тъæпæны ис, афтæ зыны. Фæлæ арæхдæр фæкæсы телемачтæмæ.

Ацы мæсыг 60 азы размæ йæхимæ æрбахæстæг кодта æрыгон медицинон специалист Дудиаты Владимиры. Легендарон Ирон къуыбырмæ бацыд, цæмæй дзы ссара уарзон куыст. Уый нæ, фæлæ ма йæхæдæг дæр сси цæгатирыстойнаг телеуынынады символ. Бафæзмæн кæмæн нæй, уыцы стиль, хæларзæрдæ цæстæнгас, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлмæн хъæлæс. Телевизормæ кæсджытæ йæ бауарзтой, фыццаг хатт æй фехъусгæйæ. «Уæ изæр хорз, зынаргъ æмбæлттæ»-иу куы айхъуыст экрантæй, уæд-иу телевизоры раз æрæмбырд сты æнæхъæн бинонтæй. Абон телеуынынады хæзнадоны ис стыр коллекци йæ архайдимæ программæтæй: «Алло, мы тоже ищем таланты», «Субботний вечер», «Арвæрдын» ирон æвзагыл, «Фарны хабæрттæ», зындгонд адæмимæ интервьютæ, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, информацион рауагъдтæ.

60 азы экраны сты пленкæйы цалдæр километры æмæ комкоммæ эфиры сæдæгай сахаттæ. Дудиаты Владимир кæройнаг хатт эфиры уыди 3 азы размæ. Ныртæккæ æрхæццæ йæ фаллад уадзыны рæстæг, æмæ уарзы йæ уæгъд рæстæг йæхи фæндиаг æрвитын. Зæгъæм, 12-æм уæладзыгæй горæтыл æмæ хæхтыл афæлгæсын. Йæ хæдзары ис ирыстойнаг авторты нывтæ. Уыдон ын уæлдай уарзондæр сты. Уымæй дарддæр ма арæх рафæлдахы хуызистыты альбомтæ. Фæлæ цыфæнды куы уа, уæддæр легендарон диктор æнæ «Алани»-йæ нæ фæразы. Хабæрттæм бакæсын у æнæмæнг традици. Иу ахæмы йæ бафæндыд ногæй йæ куысты бынат бабæрæг кæнын, æмæ йе мкусджытимæ аныхас кæнын.

Ныхасæй – хъуыддагмæ. Дудиаты Владимир зæрдиагæй амынддзинæдтæ дæтты йæ кæстæр æмкусджытæн. Афтæ уыд кæддæриддæр, йæ фæлтæрддзинад никуы бавгъау кодта. Ацы хатт сусæгдзинæдтæ раргом кодта æрыгон амонæг Томайты Батразæн. Стæй ма йын ракодта æхсызгон лæвар – галстуктæ. Амонæг хъуамæ йæ аивдзинадæй дæр уа дæнцæгæн хæссинаг.

Валодя, æнæмæнг, суыдаид хорз дохтыр, хъысмæт æндæр тæрхон куы нæ рахастаид, уæд. Æмæ йын уый тыххæй æгæрон «бузныг» нæ республикæйы цæрджыты номæй. Аив дзырды дæсны, фæлтæрдджын амонæг Дудиаты Владимир кæддæриддæр уыд æмæ у Цæгат Ирыстоны телеуынынады ирд стъалы. Æмæ кæд ацы студийы фæстаг рæстæг арæх нæ вæййы, уæддæр, фидарæй зæгъæн ис, æмæ у, зæрдиагæй кæмæ фенхъæлмæ кæсынц, уыцы кадджын уазæг.  Уæвгæ та йæ зæрдæ æппынæдзухдæр ис ам…

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania