филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:49 пятница, 22 ноября 2024
08 февраля 2023, 11:09
Абон нæ бæстæйы бæрæг кæнынц Уæрæсейы наукæйы бон

Наукон къабазы хорз æнтыстдзинæдтæ ис Цæгат Ирыстоны ахуыргæнæндæттæм дæр

Абон нæ бæстæйы бæрæг кæнынц Уæрæсейы наукæйы бон. Уыцы бон хуымæтæджы нæ равзæрстой. 8-æм февралы, 1724 азы, Петр фыццæгæмы бардзырмæ гæсгæ сарæзтой Уæрæсейы наукæты академи. Йæ ном ивддзинæдтæ баййæфта, фæлæ йæ нысан нæ ивта. Наукон къабазы хорз æнтыстдзинæдтæ ис Цæгат Ирыстоны ахуыргæнæндæттæм дæр. Наукæйы боны кадæн абон сараздзысты алыхуызон мадзæлттæ — лекцитæ, форумтæ, дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. ЦИПУ-йы та ацыд æппæтадæмон æвзонг ахуыргæндты скъола – конференци «Кавказ йæ ивгъуыд æмæ нырыккон афонты: истори, археологи, культурæ». Бацархайдтой дзы универститеты студенттæ стæй Кæсæг – Балхъарæй, Цæцæнæй æмæ Хуссар Ирыстонæй уазджытæ. Дыууæ боны æвзонг иртасджытæн фадат ис сæ докладтæ бакæсынæн, стæй зындгонд ахуыргæндты дæсныйадæвдисæг ахуырты бацархайынæн. Знон хицæнæй æрдзырдтой Нарты кадджыты тыххæй. Уымæй уæлдай ма æрхъуыды кодтой сесситæ «Цæгат Кавказ рагон æмæ астæуккаг æнусты», стæй «Цæгат Кавказ 19-æм æнусы кæрон æмæ 20-æм æнусы райдайæн æхсæнадон ивддзинæдты рæстæг». Абон сæ ныхасы темæ уыдзæн «Цæгат Кавказ Советон дуджы рæстæг». Бæстон æрдзурдзысты «Сталинграды тохы советон æфсæддонты уæлахизы 80 азы» тыххæй æмæ «Цæгат Кавказы нырыккон социалон – политикон æмæ культурон процесс»-ты тыххæй дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania