филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:54 воскресенье, 05 апреля 2026
03 апреля 2026, 10:35
Абон нæ эфиры канал «Россия-24»-йы рацæудзæн, программæты цикл «Непридуманные истории»-йы фыццаг рауагъд

Йæ автор – зындгонд паддзахадон æмæ политикон архайæг, дипломат Дзасохты Алыксандр

Абон нæ эфиры канал «Россия-24»-йы рацæудзæн, программæты цикл «Непридуманные истории»-йы фыццаг рауагъд. Йæ автор – зындгонд паддзахадон æмæ политикон архайæг, дипломат Дзасохты Алыксандр. Абон, 3-æм апрелы йыл æххæст кæны 92 азы.

Бирæ азты дæргъы разамынд лæвæрдта фæсивæдон организацитæн æмæ хицауады оргæнтæн. Афтæмæй æххæст кодта Советон Цæдисы уæлдæр паддзахадон æмæ политикон разамынды ахсджиаг дипломатон хæстæ. Паддзахадты æмæ национ змæлды раздзогтимæ фембæлдтытæ Дзасохты Алыксандры ракодтой разагъды политикты æмæ дипломатты хыгъдмæ. Уыд Советон Цæдисы минæвар Сирийы. Уыцы азтæм схызт уæлдæр дипломатон æмвæзадмæ. Сси Æххæстбарджын минæвар.

Прогаммæ «Непридуманные истории» у, куыд фæзæгъынц, фыццаг цæсгомæй радзырд. Хаст æм æрцыдысты 10 рауагъдæй фылдæр. Ныртæккæ цæттæ кæнынц эфирмæ. Дзасохты Алыксандр фыццаг хатт афтæ бæлвырд æмæ æууæнкджынæй дзуры йæ бирæвæрсыг куысты тыххæй, зындгонд политикон æмæ æхсæнадон архайджытимæ фембæлдтыты тыххæй. Уæлдайдæр та, нæ бæстæ æрыгон паддзахадты рæзтæн куы æххуыс кодта, уæд. «Непридуманные истории» документалон кинонывмæ кæсджытæ хоны сæйраг хъайтары хъысмæты цымыдисаг маршруттæм. Æппæт уыцы хабæртты тыххæй радзурдзæн стыр дуджы архайæг æмæ æвдисæн.

Ног программæты цикл райдайдзæн абон, телеканал «Россия 24»-йы 17 сахаты æмæ 35 минутыл. Дарддæр хæццæ кæны  дыууæсерион докуенталон киноныв «Меридианы длиною в жизнь». Йæ премьерæ уыд дыууæ азы размæ, Дзасохты Алыксандры 90 азы юбилеймæ. Равдисдзыстæм ма кинонывы ног хуыз дæр. Уыдзæн хуыцаубоны, 5-æм апрелы, 13 сахатыл канал «Россия -24»-йы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania