филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:50 суббота, 31 января 2026
04 сентября 2019, 12:56
Абон нæ республикæйы райдыдта ног ахуыры аз

Цæгат Ирыстоны скъолаты партæты уæлхъус æрбадтысты 9 мин фыццæгæмкъласонæй фылдæр

Абон нæ республикæйы райдыдта ног ахуыры аз. Цæгат Ирыстоны скъолаты партæты уæлхъус æрбадтысты 9 мин фыццæгæмкъласонæй фылдæр. Сæ нымæц ацы аз, фаронимæ абаргæйæ, у мин сывæллоны фылдæр. «Сæрмагонд ведомствæты статистикæмæ гæсгæ, фæстаг азты фыццагкъласонты нымæц кæны фылдæрæй-фылдæр. Ахуырад æмæ наукæйы министр Людмила Башарина куыд фехъусын кодта, афтæмæй ног ахуыры азмæ бацæттæ кæныны тыххæй стыр æмæ ахадгæ куыст бакодтой. Ацы аз дихгонд æрцыди 92 милуан сомы. Скъолатæ райстой ног ахуыргæнæн æрмæг дæр. Ахуыргæнæндæтты курдиæттæ æххæстгонд æрцыдысты 100%. Знон уал скъолаты арæзт æрцыдысты сабырдзинады уроктæ, абон та кадджын линейкæтæ. Чызджыты æмæ лæппутæ цингæйæ сæмбæлдысты кæрæдзиуыл æмæ сæ ахуыргæнджытыл.

Нартыхъæуккаг Гуытъиаты Асанæ æрмæст англисаг æвзаг нæ ахуыр кæндзæн скъолайы, фæлæ ма географи æмæ математикæ дæр. Ноджы йæ фæнды йæ хистæр хо Аланæйы хуызæн сыгъдæг фондзтыл ахуыр кæнын. Фæлæ уал уый размæ хъæуы базонын скъолайы хи дарыны фæтк.

Мингай скъоладзаутæ абон араст сты зонындзинæдты фæндагыл. Æнхъæлмæ сæм кæсынц бирæ ног диссæгтæ. Уыдзæнис дзы куыд цины, афтæ хъыджы цæссыгтæ дæр. Ныр та уал ног ахуыры азы райдайæны кадæн айзæлдис фыццаг дзæнгæрæг.

Райдзаст, цинæфсæст æмæ зæрдæргъæвд сабитæн æрмæст сæ фыццаг бакастæй дæр бæрæг у, сæ къухы бирæ кæй бафтдзæнис, уый.

Абон уал бæрæгбон, райсом та сабитæ араст уыдзысты зонындзинæдты дунемæ.

Фыццæгæмкъласонтæн абон у сæ фыццаг линейкæ. Ам бахордтой ард, хорз кæй ахуыр кæндзысты æмæ сæ райгуырæн бæстæ кæй уарздзысты, уымæй. Бирæтæ дзы ныридæгæн систы «Уæрæсейы скъоладзауты змæлды уæнгтæ». Абон сын æгасцæуай загътой сæ ахуыргæнджытæ. Уыдон дæр сæ хъомылгæнинæгты хуызæн сты бæрæгбондзаст æмæ зæрдæрухс. Ныридæгæн уал кæрæдзийы бамбæрстой. Уый хыгъд сын дарддæр зонындзинæдты фæндагыл æнцондæр цæуæн уыдзæнис.

Кæдæй уæдæй кæрæдзийы федтой æртæ мæйы каникулты фæстæ! Уый цинæй æнæмæнгæй хъæуы иумæйаг къам сисын. Иуæндæсæмкъласонтæн ацы аз у бæрнон æмæ вазыгджын. Æнхъæлмæ сæм кæсы иумæйаг паддзахадон фæлварæн. Фæлæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ скъоламæ тынг фæндыдис.

Дзæуджыхъæуы 28 скъолайы ацы аз ис ноджы фылдæр ахуырдзаутæ. Ног бæстыхай байгом ис 2015 азы. Скъоламæ уæд бацыдис æртæсæдæ фæндзай адæймаджы. Абон дзы ахуыр кæнынц мин адæймагæй фылдæр.

Сентябры фыццаг бонтæ, фыццаг дзæнгæрæг æмæ фыццаг урок кæдфæндыдæр баст уыдзысты хæлардзинад æмæ æвзонгдзинадимæ. Афтæ, æнгомæй, зæрдæрухсæй араст уыдзысты абоны скъоладзаутæ зонындзинæдты фæндагыл рæсугъд æмæ бæллиццаг фидæнмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania