филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:32 суббота, 21 сентября 2024
08 ноября 2012, 15:04
Абон Намысы аллейæйы æрæмысыдысты мидхъуыддæгты министрады уыцы службæгæнджыты

Абон Намысы аллейæйы æрæмысыдысты, йæ хæс æххæстгæнгæйæ чи фæмард, мидхъуыддæгты министрады уыцы службæгæнджыты.

РЦИ-Аланийы мидхъуыддæгты министр Артур Ахметханов сæ ныййарджытæн загъта бузныджы ныхæстæ

Абон Намысы аллейæйы æрæмысыдысты, йæ хæс æххæстгæнгæйæ чи фæмард, мидхъуыддæгты министрады уыцы службæгæнджыты.

РЦИ-Аланийы мидхъуыддæгты министр Артур
Ахметханов сæ ныййарджытæн загъта бузныджы ныхæстæ, ахæм хъæбатыр
лæппуты кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй.

Адæмы æдасдзинад æмæ сабыр цард
бахъахъхъæнынæн йæ цард чи нæ бавгъау кодта, фыдгæнджытæй чи нæ фæтарст,
уыцы службæгæнджыты номыл цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ.

Пъæлицæйы кусджытæ, службæйы ветерантæ,
сæрмагонд къорды уæнгтæ, сæ хæстæджытæ, минут æдзæмæй алæугæйæ, ссардтой
сæ æдзард æмбæлтты нæмттæ. Кад сын кæнгæйæ, сæ рæзты ацыдысты раст
рæгътæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania