07 февраля 2024, 11:57
Абон национ музейы байгом уыдзæн Саулаты куыстыты равдыст «Отражение»
Адæмы размæ се сфæлдыстад рахæсдзысты Саулаты мыггаджы 15 минæвары
Абон национ музейы байгом уыдзæн Саулаты куыстыты равдыст «Отражение». Адæмы размæ се сфæлдыстад рахæсдзысты Саулаты мыггаджы 15 минæвары – дæсны нывгæнджытæ, æрмдæснытæ æмæ аивадуарзджытæ. Сæ кармæ гæсгæ сты 5-æй 87 азы онг. Куыстытæ сты алы жанрты конд – нывкæнынад. хуызист, графикæ, архитектурæ. Саулатæн ацы равдыст у æртыккаг. Ацы хатт баст у бинонты азимæ, стæй ирон адæмы 11-æм съездимæ.
темæмæ гæсгæ




