17 апреля 2018, 18:10
Абон номарæн фæйнæг байгом кодтой Бæройты Солтанæн
Йæ цардæй ахицæн 2015-æм азы.
Абон номарæн фæйнæг байгом кодтой Бæройты Солтанæн.
Йæ цардæй ахицæн 2015-æм азы. Фæлæ стыр æвæрæн бахаста нæ республикæйы зынгсирвæзтытæй хъахъхъæныны къабазмæ. Ацы бон хуымæтæджы нæ равзæрстой. 1918-æм азы зынгсирвæзтыты ныхмæ службæйæн æрцыд бындур æвæрд. Ныр йæ 100 азы бонмæ байгом кодтой ацы мемориалон фæйнæг. Кадджын мадзалы архайдтой службæйы кусджытæ æмæ ветеранты советы уæнгтæ. Хуынд æм æрцыди æхсæнадон архайджытæ дæр. Абон ма æвзонг зынгхуыссынгæнджыты рæнхъытæм, ардбахæрды фæстæ, райстой 10 лæппуйы.
темæмæ гæсгæ




