филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:29 вторник, 14 мая 2024
21 февраля 2013, 16:59
Абон Парламенты Совет æркаст 40 фарстамæ

Æрдзырдтой, Уæрæсейы Граждайнаг кодексмæ ивддзинæдтæ бахæссыны хъæппæрисмæ. Баст сты фæндаггон фыдбылызты фæстиуджытимæ.

Абон Парламенты Совет æркаст 40 фарстамæ. Æмбырд амыдта Парламенты сæрдар Алексей Мачнев.

Æрдзырдтой, Уæрæсейы Граждайнаг кодексмæ ивддзинæдтæ бахæссыны хъæппæрисмæ. Баст сты фæндаггон фыдбылызты фæстиуджытимæ. Зæгъæм, машинæйæ, æууæнчы гæххæтмæ гæсгæ чи пайда кæны, ахæм адæймаджы аххосæй фæндаггон фыдбылыз куы æрцæуа, уæд йæ фæстиуджытæ аиварс кæнынæн æхца хъуамæ бафида йæхæдæг дæр, стæй машинæйы хицау дæр. Ныхас ма цыд Уæрæсейы Федерацийы Хицауады сæрдармæ курдиатыл, цæмæй хъæууонхæдзарадон куыстуæттæн фылдæр субсидитæ фидой. Зындгонд куыд у, афтæмæй ацы аз бирæ субсидитæ зынгæ фæкъаддæр кодтой. Уæрæсе Дунеон Базарадон организацимæ кæй бацыд, уый домы, цæмæй нæ бæстæйы зæхкусджытæ уадзой ерысхъом продукци, уымæн та, æнæмæнг, хъæуы ахадгæ паддзахадон æххуыс. Ахсджиаг ма у, нæ республикæйы Парламент Федерацийы Советы æмæ Паддзахадон Думæйы сæрдартæм цы курдиат бацæттæ кодта, уый. Баст у Уголовон кодексмæ ивддзинæдтæ бахæссынимæ, цæмæй, мæнг хостæ чи уадзы æмæ уæй кæны, уыдон æййафой уголовон æфхæрд.

Токаты Людмилæ, РЦИ-Аланийы Парламенты сæрдары хæдивæг: «Чи зоны, æмæ афтæ бирæ дæр не сты, фæлæ иу куы бахауа, уæддæр цавæр зиан æрхæсдзæн адæймагæн, ууыл ма алчидæр ахъуыды кæнæд. Афтæ рауад, æмæ закъонмæ гæсгæ, ахæм адæм уголовон æгъдауæй дзуапп нæ дæттынц. Абон нæ Советы ахæм фарста систам, фæныхас йыл кодтам æмæ загътам: адæймаг мæнг хостимæ куы куса, уæд хъуамæ уголовон æгъдауæй дзуапп дæтта, закъонмæ гæсгæ. Æлхæнджытæн та мæ бон зæгъын у: афтеччыты ис гæххæттытæ, æмæ, сæ зæрдæ истæмæ куы æхсайа, уæд хъуамæ бадомой сертификат. Ахæм цауыл куы сæмбæлой, уæд сæ бон у фæхабар кæнын махмæ, барадхъахъхъæнæнæг органтæм, æмæ мах хъæугæ мадзæлттæ кæндзыстæм».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania