филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:00 четверг, 14 августа 2025
14 января 2014, 17:33
Абон поселок Южныйы кадджын уавæры байгом ног рæвдауæндон

Арæзт у ног федералон домæнтæ æмæ стандарттæ æххæстгæнгæйæ, ифтонг у æппæт хъæугæ кусæнгæрзтæй.

Аразджытæ сæ зæрдæ дарынц, ног бæстыхай сывæллæтты зæрдæмæ кæй фæцæудзæн, ууыл.

Рæвдауæндæттæм рад фæкъаддæр 120 бынаты. Абон поселок Южныйы кадджын уавæры байгом ног рæвдауæндон. Арæзт у ног федералон домæнтæ æмæ стандарттæ æххæстгæнгæйæ, ифтонг у æппæт хъæугæ кусæнгæрзтæй.

Аразджытæ сæ зæрдæ дарынц, ног бæстыхай сывæллæтты зæрдæмæ кæй фæцæудзæн, ууыл.

Куыстыты хæрзхъæддзинад федта республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз дæр.

1992-æм азы цауты рæстæг цы сывæллæтты рæвдауæндон ныппырх, уый бæсты арæзт æрцыд ног бæстыхай. Ныр æй байгом кодтой кадджын уавæры. «Планета детства» афтæ схуыдтой, Южныйы поселочы сывæллæттæ кæм уыдзысты, уыцы рæвдауæндон. Ис дзы 4 къорды 120 сывæллонæн. Йæ арæзтад та бюджетæн сыстад 65 милуан сомы.

Куыд арæзт æрцыд, уымæн аргъ кодтой республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Дзантиаты Сергей. Уазджытæн равдыстой ног агъуыстытæ, музыкалон кълас, уый сын у Мамсыраты Таймуразы лæвар æмæ хæрæндон. Уым уазджыты рцыдмæ скодтой хæрзад адджын гуылтæ.

Ног бæстыхай ифтонг у нырыккон домæнтæм гæсгæ, ис дзы мини-театртæ дæр. Суанг ма дзы цы хъазæнтæ æмæ хъæзтытæ ис, уыдон пайда сты сывæллæтты раст хъомыладæн æмæ райрæзтæн.

Рæвдауæндон байгом кæныны кадджын мадзалмæ цы ныййарджытæ æрбацыдысты, уыдон дис кæнынц бæстыхай куыд аив æмæ дзæбæх конд у, ууыл. Куыд зæгъынц, афтæмæй æнхъæл дæр нæ уыдысты, рæвдауæндон афтæ рæсугъд скæнæн ис, уый.

Мамсыраты Таймураз куыд загъта, афтæмæй сæ фыццаградон хæстæй иу у – рæвдауæндæттæм рады чи лæууы, уыдоны нымæц фæкъаддæр кæнын. 90-æм азты бирæ бæстыхæйттæ уæйгонд æмæ приватизацигонд æрцыдысты. Ныр уавæр хъæуы аивын.

Мамсыраты Таймураз, РЦИ-Аланийы сæргълæууæг: «Федералон уынаффæтæ æххæстгæнгæйæ, республикæйы ног домæнтæм гæсгæ арæзт цæуынц рæвдауæндæттæ. 2016 азмæ сывæллæттæн бынæттæ кæй нæ фаг кæны, уыцы фарста хъуамæ лыггонд æрцæуа. Республикæйы демографион уавæр фæхуыздæр, фылдæр сывæллæттæ нæм гуыры æмæ хъуыды кæнын хъæуы фидæныл. Уымæ гæсгæ арах мах дæр нæ куысты æххæст кæнæм бæлвырд программæ».

4 азмæ Дзæуджыхъæуы администраци стыр куыст бакодта. Рацарæзтой зæронд, æмæ сарæзтой ног бæстыхæйттæ. Æдæппæттæй бынæттæ скодтой 3 мин сывæллонæн.

Ныртæккæ ма Дзæуджыхъæуы кæронмæ фæхæццæ кæны 2 рæвдауæндоны арæзтад. Байгом сæ кæндзысты ацы аз.

Уымæй уæлдай хæстæгдæр рæстæг фæнд кæнынц чысыл хи рæвдауæндæттæ байгом кæнын дæр.

Зыхъуаты Жаннæ, Хъамболты Розæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania