18 января 2013, 14:12
Абон райсомæй Дзæуджыхъæуы астæу ссыгъд раздæры эндокринологон диспансеры бæстыхай
Зынгсирвæзт апырх 3 сæдæ квадратон метрыл. Арт ахуыссын кæныныл дыууæ сахаты архайдтой 4 машинæйы. Бæстыхайæн бындур æвæрд æрцыд 1885-æм азы æмæ йæ арæзтады ис бирæ хъæдæрмæг.
Зынгсирвæзт апырх 3 сæдæ квадратон метрыл. Арт ахуыссын кæныныл дыууæ сахаты архайдтой 4 машинæйы. Бæстыхайæн бындур æвæрд æрцыд 1885-æм азы æмæ йæ арæзтады ис бирæ хъæдæрмæг. Уымæ гæсгæ зынгхуыссынгæнджытæн æнцон кусæн нæ уыд. Фыдбылыз цæй аххосæй æрцыд, уый базоныныл архайынц специалисттæ. Уæвгæ та дзы зынгсирвæзт фыццаг хатт не рцыд. Фарон ма июны дæр сыгъд. Бæстыхайы 2009-æм азы нымад æрцыд тæссагыл, æмæ уæдæй нырмæ у афтид.
темæмæ гæсгæ