филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:29 суббота, 31 января 2026
02 августа 2019, 15:00
Абон райсомæй 7 сахаты æмæ 50 минутыл Дзæуджыхъæуы Доваторы проспекты куыстадон бæстыхæйтты къуымбилцæгъдæн цехы æрцыд газы срæмыгъд

Хъыгдард дзы баййæфтой 12 адæймаджы. Авд адæймаджы баластой рынчындонмæ, æмæ сын бакодтой æмбæлгæ æххуыс.

Абон райсомæй 7 сахаты æмæ 50 минутыл Дзæуджыхъæуы Доваторы проспекты куыстадон бæстыхæйтты къуымбилцæгъдæн цехы æрцыд газы срæмыгъд.

Хъыгдард дзы баййæфтой 12 адæймаджы. Авд адæймаджы баластой рынчындонмæ, æмæ сын бакодтой æмбæлгæ æххуыс. Республикæйы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, арт апарахат 1500 квадратон метры фæзуатыл. Зынгсирвæзт ахуыссыныл архайдтой 100 адæймагæй фылдæр æмæ сæрмагонд техникæйы 45 машинæйы. Арт ахуыссын кодтой 10 сахаты æмæ 30 минутыл. Фыдбылыз раиртасыны тыххæй Слестгæнæн комитеты слестгæнæн управленийы Цæгат-Ныгуылæн хайады цæуы бæрæггæнæн куыст.

Республикæйы клиникон рынчындонмæ æвæстиатæй ацыд æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр. Йæхæдæг федта хъыгдардбаййафджыты уавæр, журналистты фæрстытæн радта бæстон дзуæппытæ, æмæ йæм байхъусæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania